Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Германийы Федеративон Республикæйы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæваримæ Гуырдзыстоны Питер Фишеримæ.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, базонгæйы равгы фембæлдыл ныхас уыд Гуырдзыстон æмæ Германийы æхсæн ахастыты æмæ æмгуыстады фидæны перспективæтыл. Разагъд уыд ныфс, цæмæй ног минæвары куыст йæ къух сараздзæн Гуырдзыстон æмæ Германийы æхсæн традиционæй фидар æмæ хæлар ахастыты дарддæры сфидар кæнынæн.
Хаххгондæй банысан ис, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Германийы æхсæн хæларон ахастытæ æмæ ууæнкджын патнерад ис. Хъусдард здæхт уыдис Германийы фарсхæцыны нысаниуæгмæ, Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæнзинады, афтæма Европаг æмæ евроатлантикон структурæтæм интеграцийы цæстæнгасæй.
Банысан ис, цæмæй Гуырдзыстоны аргъ кæны Германийы куыд райрæзты акæнæг партнеры ролæн, кæцы эффективонæй æххæст кæны æххуыс KfW æмæ GIZ-ы мæ æндæр немыцаг институтты фæрцы.
Хицауады администрацийы ацæугæ фембæлдыл уыд Гуырдзыстоны Германийы Федеративон Республикæйы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвары хæдивæг Таниа Хутт.