Ираклий Гъарибашвили фембæлдис  Иугонд Паддзахады  фæсарæн,  æмгарады æмæ райрæзты  хъуыддæгты паддзахадон нымæрдары  иудадзыг  хæдивæгимæ
Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Иугонд Паддзахады фæсарæн, æмгарады æмæ райрæзты хъуыддæгты паддзахадон нымæрдары иудадзыг хæдивæгимæ

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили   Иугонд Паддзахады  фæсарæн  æмгарады æмæ райрæзты  хъуыддæгты паддзахадон нымæрдары  иудадзыг  хæдивæг, Сэр Филлипп Бартонимæ фембæлдис.

Хицауады администрацийы  уагъд  фембæлдыл æркастысты  Гуырдзыстоны æмæ Иугонд Паддзахады  æхсæн уæвæг   стратегион  партнерад  æмæ политикон   ахастыты райрæзты   позитивон   динамикæ.

Премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй,   Гуырдзыстон аргъ кæны   Иугонд Паддзахады  хъæддых   фарсхæцын  Гуырдзыстоны  суверенитет, территорион æнæхъæндзинад  æмæ  оккупацигонд территориты æнæбанымады  политикæйæн.  Ираклий Гъарибашвили    бахахх  кодта  паддзахадон институтты   стынг кæныны  æмæ бæстæйы демократон   райрæзты  æрдгæй   Иугонд Паддзахады   нысаниуæгджын    хайбавæрд.  Фембæлдыл æркастысты  Гуырдзыстоны æмæ Иугонд паддзахады æхсæн   уæвæг «Уордропы  стратегион  Диалог», кæцы бæстæты æхсæн стратегион   партнерады æмгуыстады  æххæст спектр   дары йæ хъуыдыйы æмæ æмгуыстады   бадзырд  фидар кæны.

Дзырд уыдис  Украинайы  цæугæ   хæстон  архайдтыты  æмæ  хæсты   æндæвдадыл   регионы   уæвæг   æдадсзинады  уавæрмæ.

Фембæлдыл  уыдысты   Стыр Британийы  æмæ Цæгат Ирландийы  Иугонд Падзахады   сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Гуырдзыстоны  Марк Клейтон, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  æмæ  хицауады  администрацийы  хистæр Реваз Джавелидзе.