Ираклий Гъарибашвили фембæлдис, Девид O’Салливанимæ, Джеймс O’Брайенимæ æмæ Кумар Айеримæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Евроцæдисы санкциты сыххæст фарстаты æхсæнадæмон специалон минæвар Девид O’Салливанимæ æмæ санкциты фарстаты АИШ-ы æмæ Иугонд Паддзахады минæвæрттимæ, Джеймс O’Брайенимæ æмæ Кумар Айеримæ фембæлдис.
Фембæлдыл хъусдард здæхт уыдис Уæрæсейы ныхмæ уагæвæрд санкциты æрдгæй Гуырдзыстоны иудадзыг координацидзинадмæ Евроцæдисимæ æмæ æхсæнадæмон æмгарадимæ.
Бахахх ис санкциты иуфарс ацыды маруадзынæн Гуырдзыстоны æмбæлгæ куыстыты эффективон куыст æмæ ацы æрдæмадæй, куыд Гуырдзыстон-Евроцæдисы, афтæ АИШ-Гуырдзыстоны æнтыстджын æмгуыстад.
Афтæма банысан ис, цæмæй Гуырдзыстоны тыхархайд позитивон аргълæвæрд исы æхсæнадæмон æмгарады, уый нымæцы АИШ-ы паддзахадон департаменты æрдгæй. Хъусдард здæхт уыдис Гуырдзстоны æрдгæй Украинайæн хъæддых фасрхæцынмæ политикон æмæ гуманитарон æрдæмадæй.
Хицауады администрацийы уагъд фембæлдыл Евроцæдисы минæвар Гуырдзыстоны Павел Герчински, АИШ-ы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Гуырдзыстоны, Келли Дегнан æмæ Стыр Британийы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Гуырдзыстоны Марк Клейтон. Гуырдзыстоны æрдгæй фембæлдыл уыдысты, вице-премьер экономикæйы æмæ æнæцудгæ рæзынады министр Леван Давиташвили, фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили, финансты министр Лаша Хуцишвили æмæ хицауады администрацийы хистæр Реваз Джавелидзе.
Информаци публикаци кæны Гуырдзыстоны премьер-миинистры пресскуыст.