Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Австрийы, Чехийы æмæ Словакийы республикæты парламентты сæрдæрттимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Австрийы Республикæйы парламенты сæрдар Вльфганг Соботкаимæ, Чехийы Республикæйы парламенты сæрдар Маркета Пекарова-Адамоваимæ æмæ Словакийы Республикæйы парламенты сæрдар Борис Колларимæ фембæлдис.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, фарсытæ Гуырдзыстоны æмæ Австрийы, Чехийы æмæ Словакийы республикæты æхсæн хæлар ахастытæ æмæ æмкуыстады уæрæх спектр афæлгæстой.
Хъусдард здæхт уыдис уыцы фактмæ, ома Гуырдзыстон афæдзы кæрон кандидаты статусмæ æнхъæлмæ кæсы æмæ бæстæ инклюзивонæй, фæдфæдонæй æмæ æргомæй æххæст кæны 12 приоритеты. Загъдæуыд цæмæй Гуырдзыстон зайы Евроцæдисы нæфæсайгæ партнерæй æмæ æдасдзинады æмцæдисонæй.
Премьер-министры дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон аккаг у кандидаты статс райсын, кæцы йæхи æгъдауæй фæкъаддæр кæндзæн поляризаци æмæ йæ къух сараздзæн бæстæйы стабилон рæзынадæн.
Ныхас уыд евроатлантикон структурæтæм интеграцийыл æмæ Сау денджызы æдасдзинады фарстатыл.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.