Ираклий Гъарибашвили - Еврокомисси дæтты рекомендаци, Евроцæдисы Советæн, ома Гуырдзыстонмæ лæвæрд уа перспективæ Евроцæдисы уæнг суæвыны фæдыл, кæцы у историон уынаффæ
Фыццаг хатт фæзынди ныффыст, ома Еврокомисси Евроцæдисы Советæн дæтты рекомендаци, Гуырдзыстонмæ лæвæрд уа перспективæ, цæмæй суа Евроцæдисы уæнг бæстæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ уый у историон уынаффæ.
Ираклий Гъарибашвилийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Совет рекомендацитæ куы сфидар кæндзæн уый фæстæ, Гуырдзыстон ацы æрдгæй кусын райдайдзæн Брюсселимæ.
Ацы рекомендацитыл æнцойæ мæ фæнды зæгъын, цæмæй стыр хай æнæ уый дæр уыдис нæ бонвæткы æвæрд. Ис дзы æндæр фарстатæ, кæцытæ мах сбæрæг кæндзыстæм Брюсселимæ, бакусдзыстæм æмæ райсдзыстæм кандидаты статус. Афтæдæр мæ фæнды æмбæстæгтæн райхалон, уымæн æмæ зонын, цæмæй æмбæстæгты фылдæр хаймæ баззадис бæрæг фарст, цæмæн афтæ рацыд æмæ фылдæр стимул раттой Молдовæ æмæ Украинайæн. Фæнды мæ бамбарын кæнын æмбæстæгтæн. Молдовæ æмæ Украинайæн ис абсолютон идентон ныффыст перспективæйы фæдыл. Кæнæ та Молдовæ æмæ Украинайæн ныффыстой, цæмæй сын ратдзысты, бавдисдзысты рекомендаци советмæ, цæмæй лæвæрд уа перспективæ æмæ статус. Кæнæ та реалонæй, статус сын дæттынц авансæй, уый у стимулиргæнæн ацы уæззау хæсты. Ацы рæстæджы, уыдонæй дæр рæкурдзысты рад реформæтæ сыххæст кæнын. Махы æрдгæй та алцыппæт у иннæрдæм. Хъуамæ сыххæст кæнæм алы домæн, кæцы у бавдыст, реформæтæ, приоритеттæ сыххæст кæнæм Гуырдзыстоны æмæ нæм уый фæстæ уыдзæн лæвæрд статус. Дзæбæх æмбарæм, цæмæй Украина у тынг уæззау уавæры, территориты 20 % нырид фесæфта æмæ хæст дарддæр кæны. Афтæ Молдовæ дæр тынг уæззау уавæры ис, кæд исчи зиан бавзæрста ацы хæстæй, уыдонæй фыццаг у Молдоæвæ, уымæн æмæ арæнгæрон паддзахад у æмæ тынг стыр къада уыд лигъдæтты. Тынг бирæ куыд экономикон, афтæ æдасдзинады рискытæ райрæзтысты Молдовæйæн» – райхъусын кодта премьер.