Ираклий Гъарибашвили Еврокомисийы президент Урсула фон дер Лайенмæ фыстæг æрвиты
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Еврокомиссийы президент Урсула фон дер Лайенмæ фыстæг æрвиты.
Фыстæг публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады веб-фарсыл.
Гъарибашвилийы фидиуæнæй, 9 июны Гуырдзыстоны тыххæй европарламенты ист резолюцийы бирæ фактон æнæдырысдзинад ис. Йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, рещолюцийы бавдыст хъуыдытæ «деструктивон ролы тыххæй, кæцыйæн олигарх Бидзина Иванишвили Гуырдзыстоны политикæ æмæ экономикæйы» æххæст кæны, афтæдæр бæлвырдгæнæн формæйы арызт хатдзæг, ома Иванишвилийæн сæрмагонд бастдзинад ис Кремлимæ, ницæмæй нæу фидаргонд.
«Европарламенты резолюцийы фæнысангонд ныффыстытæ æнцойæвæрд не сты бæлвырдгæнæнтыл æмæ Гуырдзыстоны архайæг системæйы дискредитаци скæнын у сæ нысан. Оппоненттæ никуы бавдыстой политикæйы кæнæ расттæрхоны Бидзина Иванишвилийы хифæкæныны иунæг факт дæр, уый Гуырдзыстоны экономикæйы нæ архайы, нæй Уæрæсеимæ йæ сæрмагонд кæнæ хъуыддагджын бастдзинады исты прецедент. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, алцыппæт, кæцы резолюцийы æнæформалон хицаудзинады фæдыл у фыст – у мæнг», – дзырдæуы фыстæджы.
Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, резолюцийы ныффыстытæй оппозицийы радикалон хай Гуырдзыстоны поляризаци фæарфдæрæн пайда кæны.
«Афтæма, резолюцийæ комкоммæ спайда кодтой Швейцарианг банкæй Бидзина Иванишвилийы финансон транзакицтæ фæуромынæн. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, банк Европарламенты документæй архайы Гуырдзыстоны раздæры премьер-министры закъонон бартæ бафхæрын, кæцы афтæдæр бæстæйы дискредитаци кæны.
Æхсызгон дæн, цæмæй европаг комисси æмæ европаг совет, европарламенты бынтон æнæбындур сидт сæ зæрдыл нæ бадардтой æмæ уын сæрмагондæй сымахæн стыр бузныг уый тыххæй.
Фæлæ европарламенты резолюцийы æппæрццаг æндæвдад æххæстæй нейтрализацийæн, нысаниуæгджын у, Европаг комисси дырыс позици равдиса уыцы æнæбындур аххсоæгты тыххæй, кæцытæ бавдыст сты резолюцийы. Европаг комиссийы дырыс позици у æнæмæнгхъæугæ разæууæл уымæн, цæмæй гуырдзиаг адæммæ европаг структурæты æрдæм æнæрастдзинады æнъкарæн ма фæарфдæр уа æмæ оппозицийы радикалон базыр европарламенты резолюцийæ поляризаци фæарфдæрæн ма спайда кæна» – хъусын кæны Гхъарибашвили чи у уый æмæ дзы куры европарламенты президентæй, комисси йæхи аиуварс кæна деолигархизацийы ныффысты персонификацийæ.
«Европаг комиссийы позицийы дырысдзинад нысаниуæгджын у уымæн цæмæй, ма баззайæти тыгъдад спекуляцитæн, гуырдзиаг дзыллæйы ма фесæфа бæрзонд æууæнк Европаг Структурæтыл æмæ баахъаз уа поляризаийы гъæд фæкъаддæрæн Гуырдзыстоны», – хъусын кæны Гъарибашвили.