Ираклий Гъарибашвили – Цыппурсы фæдыл арфæ кæнын нæ алы æмбæстагæн, чидæриддæр абон бæрæгбон кæны ацы стыр бон, сабырады, фарны æрхæссæгуæнт уæ бинонтæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Цыппурсы фæдыл арфæ кæны алкæмæн, чидриддæр æй 25 декабры бæрæгбон кæны.
«Царддæттæгы Райгуырды фæдыл арфæ кæнын нæ алы æмбæстагæн, чидæриддæр абон бæрæгбон кæны ацы стыр бон.
Гъе ацы бон, сабырзинады, амондджындзинады æмæ фарны æрхæссæг уæнт сымахæн æмæ уæ бинонтæн», – банысангонд у премьеры арфæйы.