Ираклий Гъарибашвили – цыфæнды  хисæрмагонд бæллиццытæ нæ уæд, алкæй хъуыдытæ æнæдихаг сты Гуырдзыстонæй, фыдыбæстæйы  æнæуæлдайдзырдæй  уарзондзинад нæ иу кæны æнæрмæст кæрæдзиимæ, фæлæ ма нæ фыдæлтимæ æмæ фидæн фæлтæртимæ
Ираклий Гъарибашвили – цыфæнды хисæрмагонд бæллиццытæ нæ уæд, алкæй хъуыдытæ æнæдихаг сты Гуырдзыстонæй, фыдыбæстæйы æнæуæлдайдзырдæй уарзондзинад нæ иу кæны æнæрмæст кæрæдзиимæ, фæлæ ма нæ фыдæлтимæ æмæ фидæн фæлтæртимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили æмбæстæгтæн  арфæ кæны ног  2024 азы фæдыл.

Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй,  адæмы æмæ хицауады иумæйаг  тыхархайды  фæстиуæгæн, абон Гуырдзыстон æвзæрст лидерт у  дунейы экономикон размæцыды æмæ  демократийы  цæстæнгасæй, ацы процессты æнтысджын кæронæй  ссис  Гуырдызстонæн  Евроцæдисы уæнгтæм  кандидаты статусы алæвæрд.

Ираклий Гъарибашвилийы дзырдæй,  æрцæугæ 2024 азыл æмбæлынц ног ныфсытæй æмæ  ног рардтимæ.

«Зынаргъ æмбæстонтæ, мæ хæлæрттæ,  иууыл тагъд фæуыдзæн  2023 азы. Уый уыдис æцæгдæр  сæрмагонд нæтысты æмæ размæцыды  аз нæ  ногдæр историйы.  Дунейæн  ахæмæ иттгæ вазыгджын  расидтытæй æфсæст периоды  мах  сифтонг кодтам  сабырад æмæ  иттæг нысаниуæгджын  къахдзæфтæ  сарызтам  нæ бæстæйы райрæзты тыххæй.  Нæ адæмы æмæ  хицауады  иумæйаг тыхархайды  фæстиуæгæн, абон  Гуырдзыстон æвзæрст лидерт у  дунейы экономикон размæцыды æмæ  демократийы  цæстæнгасæй. Ацы  процессты æнтыстджын кæронæй ссис –  нæ иугонд, æмуд  æмæ рæстдзинады бындурæвæрд  куысты хусегасдæр хузыдæр банымадæй фестад  историон фæзынд –  Гуырдзыстонæн  Евроцæдисы уæнгтæм  кандидаты статусы алæвæрд. Ацы æнтыст, кæцыйæн йæ фæстæ  лæууы нæ фыдæлты   бындарад, æнæнрмæст  æнæфæзилгæйæ  сбæрæг кодта  нæ  бæстæйы  фидæн  æмæ йæ  аккаг бынат Европæйы  сæрибар нациты  бинонты æхсæ, фæлæ ма  Евроцæдисæн дæр йæхицæн  ног контуртæ  уæлæргом бакодта. Æмæ ныр, Гуырдзыстон  афтæ  хæстæг куы у  йæ  национ нысæнттæм баххæссынмæ, æрцæугæ 2024 азыл æмбæлæм ног  ныфсытимæ,  нысæнттим æмæ  ног рардтимæ.

Абон кæд  исты аууон æппары  нæ  юæрæгбонон равгыл, уый у Израилы  æмæ Украинайы  цæугæ хæстытæ.  Фæнды мæ  æрцæугæ  азы  сабырдзинад сфидар кæныны  арфæтæ  зæгъон нæ æфсымæрон дзуттаг æмæ  украинаг адæмæн.

Афтæ иу фæзæгъынц, ома  Ногбоны æхсæв у  бæллиццытæ  хъуыдыйы  дарыны афон.  Уырнæг дæн, цы фæнды  сæрмагонд бæллиццытæ нæм уа, стырæй-гыццылæй, нæ хсарджын æфсæддæтты, пъхæлицæйæгты, зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнджыты, нæ  зæрдиаг  дохтырты æмæ медицинон персоналы,  ахуырады,  зонæдты, культурæйы   сферæйы  номджын  минæвæртты, ннæ хъал спортсменты, паддзахадон гæсты, ветеранты  фермерты æмæ амайджыты, æмæ фæсарæнты  цæрæг  нæ  зынаргъ æмбæстонты  хъуыдытæ, æнæраскъуынгæ сты  Гуырдзыстонæй. Нæ фыдыбæстæйы æнæуæлдайныхас уарзондзинад у, кæцы нæ иу кæны æнæрмæст  кæрæдзиимæ, фæлæ нæ иу кæнынц не стыр   фыдæлтимæ æмæ фидæны фæлтæртимæ, нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæртимæ  æмæ ацы  зæххыд  цæрæг  алы  адæмимæ иумæ. Фидар, иугонд æмæ  размæцыд, Европаг   падзахады арæзтад æрмæст ацы иудзынадыл хъуамæ уа бындурæвæрд.  Уый тыххæй  сымах  алкæй  роль ацы процессы у  раивæн цæмæн нæй  ахæм- уникалон.

Зынаргъ  хæлæрттæ,  зæрдиагæй уын арфæ кæнын æрцæугæ 2024 аз.  Нæ фыдыбæстæйы  ноджы  фылдæр размæцыд,  стыхджын,  баиу кæнын,  сымах æмæ  уæ бинонтæн та,  амондджындзинад, æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ фæрнæйдзаг цард куыд уа  уыцы арфæтæ  зæгъын. Хуыцауæй  хорзæхджын уæм»- райхъусын кодта  Ираклий Гъарибашвили  ногазон арфæйы.