Ираклий Гъарибашвили - Бæстæ баиу кæныны цауы, нæ бон у фыццаг æртæ азы мидæг 10 миллиарды доллары бæрц инвестици нывæрын Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны
Бæстæ баиу кæныны цауы, нæ бон у фыццаг æртæ азы мидæг 10 миллиард доллары инвестици сыххæст кæна Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны, тынг æнцон у организаци скæнын, уый æмбарæм – уый фæдл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили афæдзон хыгъдлæвæрд кæсыны рæстæджы райхъусын кодта.
Премьер-министр куыд райхъусын кодта афтæмæй, хицауады сæйраг ынсан у, иумæйаг интерестыл бындурæвæрд æмгуыстады æмæ æууæнк æрыздахыны къух аразынæй, конфликтæй зианбавзарæг цæрджыты социалон-экономикон уавæры фхуыздæр кæнын æмæ аразгæйæ фæхицæнгонд дзыллæты фидыд.
Ираклий Гъарибашвилийы дзырдæй, сегасдæр сæйраг рард æмæ идея, кæцыйы алыварс наци хъуамæ баиу уа, у нæ бæстæйы баиу кæнын.
«Зондзыстут, оккупацигонд Абхазы а.х. бюджет, цалдæр цæдæ, кæд нæ рæдийын уæд 800 милуан доллары бæрц у. Уыцы сæ бюджет у æххæст дотацийыл. Нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæртæн æмæ хотæн уый у сæфт фадат. Бæстæ баиу кæныны цауы, нæ бон у фыццаг æртæ азы мидæг, 10 миллиард доллары инвестици сыххæст кæнæм Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны. Тынг æнцон у саразын. Уый дзæбæх æмбарæм. Уый фæдыл уынаффæ нын уыд экономикон советыл. Абхаз гæнæн ис дыккаг Монакойæ феста. Ай нæу уæлдайджын аргълæвæрд. Абхазæн ис егъау потенциал, суа дыккаг Монако, æмæ Сухум та зæгъæн ис дыккаг Монте-Карлойæ феста. Уый тыххæй цæй зæгъын æй хъæуы нæ политикæ у сабырдзинадыл бындурæвæрд. Фæнды нæ ай бæрц хæстытæй нын цы хъæдгæмттæ ис уыдонæн схос кæнын. Ноджы иу хатт мæ фæнды зæгъын, нæ политикæ ногæй нал æркæсдзыстæм. Фæнды нæ æрмæстдæр сабыр фæндагæй фæнысангонд конфликты, ацы æбуалгъ трагедийы кæрон скæнын æмæ бафидауын уый тыххæй цæмæй алчи иумæ цæрæм, иугонд фидар Гуырдзыстоны, европаг Гуырдзыстоны» – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.