Ираклий Гъарибашвили - бæрæг куыд у, президент у рæдыды æфтыд, мæ хъуыдымæ гæсгæ, ныс мæ ис иуул тагъд вæццæгæн алцыппæт раирд уыдзæн æмæ фарстытæ дæр нал уыдзæн
Гуырдзыстоны президент бæрæг куыд у афтæмæй, рæдыды æфтыд у, мæ хъуыдымæ гæсгæйæ, уый æнæмбæрст уавæры ис, фæнды мæ ныфс разæгъын, цæмæй иууыл тагъд вæццæгæн алцыппæт раирд уыдзæн æмæ фарстытæ дæр нал уыдзæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» офисы райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ алкæцы æмбæстаг, æмæ фыццаджы дæр бæрзонд политикон гæстæ хæсджын сты бæстæйы сæйраг документ, конституциæн цыт кæнын.
«Нал рафæлхат кæндзынæн нæ политикон советы фыстæджы дзырд цæуыл уыд, уый. Иу цыд бафтаудзынæн, цæмæй Гуырдзыстоны алкæцы мбæстаг æмæ фыццаджы дæр, ставд политикон гæстæ хæсджынтæ стæм, нæ бæрн, нæ хæс у, цыт кæнæм æмæ бахъахъхъæнæм нæ бæстæйы сæйраг закъон, конституци. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг хъыгаг у, ахæм темæтыл ныхас кæнын куы стæм тыхбын, нæ бæстæ æмæ цæрджытæн айбæрц быцæусидт æмæ проблемæ куы ис, уыдзæн уый социалон-экономикон кæнæ территорион проблемæтæ кæнæ æндæр, регионы цæугæ тынг вазыгджын процесстæ, ацы рæстæджы, тыхбын стæм ныхас кæнæм ахæм фарстатыл, кæцы у бæлвырд, ирд æмæ алкæмæн бæрæг. Уыдæттæ иууылдæр æмбарын кæны Гуырдзыстоны конституци. Бæргæ куыд у афтæмæй, хъыгагæн Гуырдзыстоны президент у рæдыды æфтыд. Мæ хъуыдымæ гæсгæйæ, уый æнæмбæрст уавæры ис, фæнды мæ ныфс разæгъын, цæмæй иууыл тагъд вæццæгæн алцыппæт раирд уыдзæн æмæ фарстытæ дæр нал уыдзæн», – загъта Ираклий Гъарибашвили.