Ираклий Гъарибашвили  Азербайджаны премьер-министр Али Асадовимæ  фембæлдис
Ираклий Гъарибашвили Азербайджаны премьер-министр Али Асадовимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Азербайджаны  Республикæйы премьер-министр Али Асадовимæ фембæлдис. Информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны  хицауады  пресскуыст.

Афтæма сæ информацийæ,  фембæлдыл  фарсытæ  хъусдард раздæхтой  дыууæ бæстæйы  æхсæн  уæвæг фидар, стратегион  партнерад æмæ  бирææнусон  хæларсыхагон   ахастытæм.

«Ныхас уыдис иттæг нысаниуæгыджын  регионон  проекттыл.   Банысан ис, цæмæй 2023  азы  январ-сентябры бæрæггæнæнтæй,  Азербайджан Гуырдыстоны  5-æм ставд базарадон партнер у. Ныхасы  рæстæджы  æркастысты  комкоммæ  инвестицитæ æрбаласыны  æрдгæй  æмгуыстады  ауæрæхдæры перспективæ.

Ираклий Гъарибашвили  афтæма банысан кодта, цæмæй Азербайджанимæ æнгом  æмгустадæй  Гуырдзыстон  цæттæ у, фæарфдæр кæна регионон  æмгуыстад, иумæйаг  интерестæм æмбæлгæйæ, энергоæдадсзинады фарстатыл. Фарсытæ  фæныхас кодтой  Гуырдзыстон-Турк-Азербайджаны æртæфарсон æмгуыстады нысаниуæгыл.

Гуырдзыстоны хицауады  сæрдар Азербайджаны Республикæйы  премьер-министрæн  базныг  загхта  Азербайджаны  Республикæйы  фидар, æнæцудгæ  фарсхæцынæн   Гуырдзыстоны  суверенитеты æмæ территорион  æнæхъæндзинадæн, афтæма – æнæбанымады политикæйæн фарсдарыны тыххæй.  Иурæстæгонæй, Ираклий Гъарибагвили  Али Асадовæн   бæлвырд фехъусын  кодта Гуырдзыстоны æнæцудгæ фарсхæцыны тыххæй Азербайджаны  Республикæйы территорион æнæхъæндзинадæн.

Хъусдард здæхт уыдис  регионы стабилондзинад æмæ сабырдзинад сфидар кæныны нысаниуæгыл.

Хицауады сæрдар  Али Асадовæн «Тбилисы Зæлдаг Фæндаджы Форумы» хайад райсыны тыххæй   раарфæ кодта æмæ  бахахх кодта,ц æмæй фæнысангонд  мадзал, Дунейы цæугæ  фæзындты цæстæнгасæй, нысаниуæгджын æмæ актуалон у» –  банысангонд у  Гуырдзыстоны  хицауады прсскуысты информацийы.