Ираклий Гъарибашвили - арфæгæнæг дæн нæ европаг партнертæн Гуырдзыстонæн платформæ банхъарыны тыххæй, ног инициативæ йæ къух ратдзæн размæцыдæн Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл
Ног инициативæ йæ къух ратдзæн Гуырдзыстоны размæцыдæн Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр ираклий Гъарибашвили «Твиттеры» фарсыл горæт Прагæйы сессийы хайад райсты фæдыл фыссы.
Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй, фæнысангонд платфорæмйы хайадрайсынæй Гуырдзыстон баст у Европæимæ иумæ бонвæткы уæвæг актуалон фарстаты касты.
«Райгонд дæн, цæмæй хайад исын Европаг политикон иугонды (ЕРС) фембæлды пленарон сессийы, кæцы цæуы Чехы. Арфæгæнæг дæн нæ европаг партнертæн Гуырдзыстонæн ацы нысаниуæгджын платформæ банхъарынæн, кæцыйыл нын ис фадат æркæсæм Гуырдзыстон-Евроцæдисы иумæйаг бонвæткы актуалон фарстатæ. Уырнæг дæн ног инициативæ йæ къух ратдзæн евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл Гуырдзыстонæн размсæцыдæн» – фыссы Ираклий Гъарибашвили.