Ираклий Гъарибашвили – Анаклиайы порт паддзахады æмхайадæй сараздзыстæм, кæцыйы 51 проценты хицау уыдзæн паддзахад
Анаклиайы порт арызт уыдзæн паддзахады æмхайадæй, кæцыйы 51 %-ы хицау уыдзæн паддзахад, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, партнер компаниты равзарынæн райхъусын кæндзысты æхсæнадæмон конкурс.
«Нæ уынаффæйæ, Анаклиайы порт арызт уыдзæн падзахады æмхайадæй, кæцыйы 51 %-ы хицау уыдзæн паддзахад. Иннæтыл мах райхъусын кæндзыстæм æхсæнадæмон конкурс æмæ равзардзыстæм партнер компаниты. Ацы проект у рохуаты уагъд, бынат та сæдзæрæг ис. Дзæбæх зонут, ныр цы уавæр ис Анаклиайы. Быронæй байдзаг ис бынат. Мах цырдæй хъуамæ равзарæм æхсæнадæмон партнер компаниты æмæ махдæр райдайæм инвестицитæ æвæрын ацы проекты. Проект сыххæст уыдзæн нæ æмхайадæй. Паддзахад сыххæст кæндзæн ацы проект, фæсарæйнаг кæнæ æндæр компанитимæ иумæ», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.