Ираклий Гъарибашвили алы партимæ æрсидтис, сæхи фæуромой провокацион архæйдтытæй
Нæ цæрджытæ ахæм æвзарæнон кампанийы аккаг сты, кæцы æмбæлон у нæ бæстæйы аргъдзинæдтимæ æмæ бæлвырд æвдисы уый, цæмæй нæ наци демократийы идеяйы иузæрдыг у – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-мнистр Ираклий Гъарибашвили социалон хызагы фыссы.
«ынæттон хæдуынафæйы æвзæрстыты æрбаввахсимæ иумæ, уынæм бæстæйы эмоцитæ куыд цырын кæнынц. Фæнды мæ дырыс зæгъын: тыхмидзинад кæнæ тасы бафтауын нæрайсгæ кæцыфæнды уæнгæй, къорд кæнæ партийæ.
Æрæджы дæр загътон, цæмæй фауын цыфæнды хуызы тыхмидзинад. Гуырдзиаг адæмы фæнды сабырдзинад, стабилондзинад æмæ фарн. Нæ цæрджытæ ахæм æвзарæнон кампанийы аккаг сты, кæцы æмбæлон у нæ бæстæйы аргъдзинæдтимæ æмæ бæлвырд æвдисы уый, цæмæй нæ наци демократийы идеяйы иузæрдыг у.
Сидын алы политикон партимæ, сæ активисттæм æмæ фарсхæцджытæм, сæрмагондæй та радикалон оппозицийы минвæрттæм, сæхи бауромой цыфæнды провокацион архæйдтæй, кæцытæ гæнæн ис, расайа тыхмидзинад æмæ уавæры фæкарз. Сабырæй банхъæлмæ кæсæм æвзæрстыты бонмæ æмæ 2 октябры æвзарæнон фадгуытыл, демократон укавæрты, алкæцы æмбæстаг сфиксир кæндзæн сæрмагонд æвзæрст уый тыххæй, цæмæй бæстæ адарддæр кæна стабилонæй тынг кæнын» – фыссы Ираклий Гъарибашвили «Фейсбукы».