Ираклий Гъарибашвили – æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй НАТО-ы саммитыл нымадмæ ист уыдзæн прогресс, кæцымæ нæ бæстæ альянсимæ интеграцийы æрдгæй баххæссыд
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, НАТО-йы саммиты фæлгæтты, кæцы Брюсселы райсом ацæудзæн, Европаг лидертимæ бæрзонд æмвæзадыл фембæлдтæ ауадздзæн.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстонæн НАТО-мæ интеграцийы æрдгæй ис прогресс. Гаърибашвили куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ йæм ис æнхъæлц, ома НАТО-ы саммитыл ацы прогресс нымадмæ ист уыдзæн.
«Райсом райдайдзæн НАТО-ы саммит, кæцымæ, мæ разамындæй араст уыдзæн хицауады делегаци. Райсдзыстæм хайад НАТО-йы саммиты, сæрмгондæй генералон нымæрдарæй райстон хуынд. Ис нæм æнхъæлц, ома нымадмæ ист уыдзæн уыцы прогресс, кæцы нæ бæстæмæ уыд ацы фæстаг азты дæргъы. Уыдзæн мын бæрзонд рангы фембæлдтæ нæ европаг лидертимæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, бæстæйæн уыдис стыр прогресс, фæнды НАТО-имæ интеграцийы æрдгæй. Байгом кодтам НАТО-имæ иумæйаг ахуыргæнæн центр Кърцъанисы. Мæнмæ гæсгæйæ, бæстæ алцыппæт сарызта, цæмæй не фсады æмбынатиндзинады ноджы сбæрзонддæр уыдаит. Тынг кæнæм æфсад, цæуы активон реформæтæ æфсады, трансформацийы æмæ реформæты процесс», – фехъусын кодта Гъарибашвили.