Ираклий Гъарибашвили  æнæцудгæ райрæзты  нысæнтты  саммиты байгомыл  уыд
Ираклий Гъарибашвили æнæцудгæ райрæзты нысæнтты саммиты байгомыл уыд

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, делегациимæ иумæ,  æнæцудгæ райрæзты нысæнтты  саммиты  байгомыл уыд, кæцы ИНО-йы  генералон ассамблейы  эгидæйæ, паддзахадты æмæ  хицæуæдты  сæрдæртты  æмвæзадыл  цыппар азы мидæг   иу  хатт   ацæуы.

Информацийы  хъусын кæны  Гуырдзыстоны  хицауад.

Саммиты байгом  кодтой  ИНО-йы генералон ассамблейы  президент  Дэнис Францис  æмæ ИНО-йы генералон нымæрдар   Антониу Гуттереш.

«Æнæцудгæ райрæзты нысæнтты  саммит 2030  аы боны фæткы   райсты  фæстæ  дыккаг хатт цæуы.  Фыццаг саммит 2019 азы  ацыд.   Ацы  аз   саммитæн  ис  2030 азы  æнæцудгæ райрæзты  бонвæткы    астæуккаг  аргълæвæрды нысан. Саммиты нысан у бирæфарсон  æмæ кæрæдзиимæбаст  кризисы тыххæй  Дунейы  раз уææг расидтыты цæстæнгасæй  æнæцудгæ райрæзты  ныæнтты  прогрессы  астæуккаг   аргълæвæрд æмæ 2030 азы  боны фæткы фæтагъдгондæй сæххæст фæахъаз. Саммиты кæрон  хайадисджытæ  политикон   деклараци райсдзысты.

Саммиты фæлгæтты Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, æндæр лидертимæ иумæ,  дзырдæй ралæудзæн.  Диалогы темæ  «интегриргонд  политикæйы æмæ паддзахадон институтты  тынг кæнын  æнæцудгæ райрæзты  нысанмæ баххæссынæн».  ИНО-йы  генералон  дебаттыл   ремьер-министр  Дунейы  лидерты раз  22 сентябры ралæудзæн», –  банысангонд у Гуырдзыстоны хицауады  информацийы.