Ираклий Гъарибашвили  æмбæстæгтæн арфæ кæны Гуырдзыстоны падзахадон тырысайы  боны фæдыл
Ираклий Гъарибашвили æмбæстæгтæн арфæ кæны Гуырдзыстоны падзахадон тырысайы боны фæдыл

Cæйраг националон символы,  паддзахадон тырысайы   боны фæдыл  арфæ кæнын нæ  бæстæйы  алы æмбæстагæн. Гуырдзыстоны паддзахадон тырыса гуырдзиаг уды, националон  хæдбындурдзинады, нæ  сæрибардзинады æмæ  хæдбарады  сегасдæр  цæстуынгæ фæлгонц  у,   –  уый фæдыл банысангонд у  Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæны.

«Тырыса æвдисы не стыр  истори æмæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæцудгæ   фæнд  уадзы  иу  нысанмæ –  бахъахъхъæнæм  æмæ сфидар кæнæм нæ сæрибардзинад. Уый  у мах алкæй иудзинады  символ –  ис нын иу фыдыбæстæ æмæ  иу фидæн.

Ацы фидæны  тыххæй  бирæ гуырдзиаг, уыдонæн сегасдæр зынаргъ – сæрмагонд  цард снывонд кодтой.  Абон  цыт кæнæм нæ тырысайæн,  ноджы иу хатт  нæ сæр гуыбыр кæнæм  сæ  æнæрохгæнгæ  нæмтты  раз.

Сæрмагондæй  арфæ кæнын æмæ   бузныг дзурын  не æхсарджын  æфсæддæттæн, кæцытæ   абон  хъахъхъæнынц сабырдзинад æмæ  иудзинад; бузныг дзурын  алкæмæн  чидæриддæр сæрмагонд  æрвылбойнон куыстæй   лæггад кæны   Гуырдзыстоны  стыхджын кæнынæн.

Сабырдзинад, иудзинад æмæ  размæцыды фæндтæ  куыд уа нæ  фыдыбæстæйæн уыцы  амонд  нын уæнт! –  банысангонд у  Ираклий Гъарибашвилийы  фидиуæны, кæцыйы   публикаци кæны  Гуырдзыстоны  хицауад сæрмагонд фейсбук-фарсыл.

Гуырдзыстоны  паддзахадон тырысайы бон 14  январы, Гуырдзыстоны паддзахадлон   тырысайы  фæдыл  органон закъоны  райсты  бон банысан кæнынц.