Ираклий Гъарибашвили æмæ Реджеб Тайип Эрдогъаны æхсæн тефонон ныхас ацыд
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы æмæ Турчы Республикæйы президент Реджеб Тайип Эрдогъаны æхсæн уыд телефонæй дзырд. Информаци хъусын кæны премьер-министры пресс-центр.
Хицауады сæргълæууæг президент Эрдогъанæн зынгсирвæзты амæттагы æмæ зианы тыххæй Гуырдзыстоны хицауады æмæ адæмы номæй æмæнкъард ноджы иу хатт равдыста æмæ æххуыс банхъарыд.
Турчы Республикæйы президент Ираклий Гъарибашвилийæн фарсхæцыны тыххæй бузныг загъта.
Премьеры пресс-центры хъусинагæй, Гуырдзыстоны премьер-министр æмбæлгæ уагдæтттæн ныридæгæн бахæс кодта, бахъуаджы цауы хæлар æмæ стратегион партнер Турчы Республикæйæн æмбæлгæйæ баххуыс кæнын.
Афтæма телефонон бадзырдты рæстæджы, хъусдард здæхт уыдис премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы паддзахадон визитмæ Акарамæ, кæцы 1-аг июны ацыд. Хицауады сæргълæууæг Реджеб Таип Эрдогъанæн бæрзонд æмвæзы фысымдзинады тыххæй раарфæ кодта. Президент Эрдогъан Гуырдзыстоны премьер-министры Туркмæ ноджы иу хатт фæхуыдта. Бахахх ис бæрзонд æмвæзы стратегион советы рабадты æввахс фидæны ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад, кæцы дыууæфарсон бонвæткы актуалон фарстæты æркæсынæн иттæг нысаниуæгджын формат у.
Гуырдзыстоны премьер-министр æмæ Турчы Республикæйы президент афтæдæр фæныхас кодтой Азербайджан-Гуырдзыстон-Турчы æмгуыстады формат рапарахат кæныны перспективæ æмæ нысаниуæгыл.