Гуыррдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили æхсæнадæн арфæ кæны абхазаг æвзаджы бон.
Ираклий Гъарибашвилийы дзырдæй, гуырдзиагимæ иумæ абхазаг æвзаг Гуырдзыстоны конституцийæ у хъахъхъæд æмæ паддзахад хæсджын у, уый бавæрын æмæ рапарахаткæнын.
«Абхазаг æвзаджы бон мæ фæнды раарфæ кæнын æппæт Гуырдзыстонæн, сæрмагондæй та, абхазаг æхсæнады минæвæрттæн, кæмæндæриддæр абхазаг æвзаг у мадæлон. Абхазаг æвзаг, культурæ æмæ традицитæ нæ иумæйаг, бирæгъуызон культурæйы скæнæг хай æмæ хæзна у. Гуырдзиагимæ иумæ абхазаг æвзаг хъахъхъæд у Гуырдзыстоны конституцийæ æмæ паддзахад йæ бавæрын æмæ рапарахат кæнын хæсджын у.
Абхазы регионы оккупацийы æмæ цæугæ руссификацийы æнæзаконон политикæйы уавæрты абхазаг æвзаг лæууы фæтаруыны серьозон тасы раз; Гуырдзыстоны хицауад нысаниуæгджын къахдзæфтæ аразы йæ фервæзын кæнын æмæ бахъахъхъæнынæн, стынг кæныны æмæ популяризацийы æрдгæй. Абхазаг культурон идентондзинады, хæдбындурдзинад бахъахъхъæнынæн æмæ æвзаг рапарахат кæнынæн нысаниуæнгджын у, цæмæй нæ тыхархайд уа иууон æмæ фылдæр æвзонг бацымидис кæнæм ацы уникалон æвзаг бацахуыр кæнын. Иумæ хъуамæ саразæм сабыр фидæн иугонд европаг паддзахады.
Еицыҳахьчап аҧсуа бызшәа
Иумæ бахъахъхъæнæм абхазаг æвзаг» – дзырдæуы премьер-министры арфæйы.