Ираклий Гъарибашвили – æххæст фарсдарын сидын  алы тæрхонгæнæгæн
Ираклий Гъарибашвили – æххæст фарсдарын сидын алы тæрхонгæнæгæн

Æххæст фарсдарын сидын  алы тæрхонгæнæгæн, тæрхондон нæ  хицаудзинады рæстæджы ссис хæдбар  æмæ сæрибар   цыфæнды  хифæкæнынæй –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили   Сæйраг Тæрхондоны, Юстицийы бæрзонддæр советы  уæнгтимæ  фембæлды фæстæ  райхъусын кодта.

Йæ  дзырдæй,   зæгъгæ, нæрайсгæ у  цыфæнды хуызы  хифæкæнын  кæнæ исты æндæвдад скæнын тæрхонгæнджытыл.

«Фæнды мæ  дзыллæйæн  зæгъын,  цæмæй мын уыд фембæлд Нино Кдагидзеимæ, тæрхонгæнджытимæ, юстицийы бæрзонддæр советы  уæнгтимæ.   Мæ сæйраг   æрвитæггаг у  æмæ у ахæм: Куыд хицауады  сæрдар æмæ хицаугæнæг партийы   минæвар æххæст фарсдарын сидын   алы  тæрхонгæнæгæн,  тæрхондон нæ  хицаудзинады рæстæджы ссис хæдбар  æмæ сæрибар   цыфæнды  хифæкæнынæй, куыд мидæгæй, афтæ  бæстæты æрдгæй. Цæй зæгъын æй хъæуы , нæрайсгæ у  цыфæнды  хуызы  хифкæнын  кæнæ  æндæвдад скæнын  тæрхонгæнджытыл.  Уый у абсолютонæй нæрайсгæ  мах алкæмæн, уæлдайдæр   суверенон  бæстæйы  суверенон тæрхондоныл æмæ тæрхонгæнджытыл.  Афтæдæр   сбæлвырд сын кодтон  цытджын тæрхонгæнджытæн нæ  фарсдарын.  Максимум  сараздзыстæм, цæмæй бахъахъхъæнæм    тæрхондоны хæдбарад, тæрхондоны  сæрибардзинад, цыфæнды хуызы  хифæкæнынæй, хъомысдарынæй.  Уый у нæ политикæ  æмæ  сæйраг нысан, кæцымæ, нæ бал хицауадмæ куы æрцыд уымæй фæстæмæ тырнæм» –   загхта  Гъарибашвили.