Абон фæцæуын Брюсселмæ, цыран мын уыдзæн бæрзонд æмвæзадыл фембæлдтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзæн нын уынаффæ, бавдыст рафарсты алыфварс, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Премьеры дзырдæй, уымæн фембæлдтæ уыдзæн НАТО-ы генералон нымæрдаримæ, Ервопаг советы президент Шарл Мишелимæ, европарламенты президентимæ æмæ æндæр нысаниуæгджын адæймæгтимæ.
«Зондзыстут, цæмæй æмгъуыдагъоммæ фестæм рафарстыл кусын. Ноджы иу хатт алы хицауадон гæсæн мæ фæнды бузныг зæгъын, чидæриддæр баст уыдис процессы, министртæн, алкæмæн, æнæхъæнæй хицауадæн, алы уагдонæн, парламентæн, цæмæй афоныл æрцыд рафарсты баххæст кæнын æмæ Евроцæдисæн бавдисын. Ацы æмæ æндæр фарстатыл мын уыдзæн фембæлдтæ Брюсселы, бæрзонддæр æмвæзадыл. Афтæдæр мын уыдзæн фембæлд НАТО-ы генералон нымæрдаримæ, Европаг Советы президент Шарл Мишелимæ, европарламенты президентимæ æмæ æндæр нысаниуæгджын адæймæгтимæ. Афтæмæй, ацы фембæлдты фæстиуджытæ æхсæнадæн фæстæдæр фехъусын кæндзыстæм», – банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.