Ираклий Чиковани хайад иста «Раммштейны къорды форматы» ноджы иу фембæлдыл Брюсселы
Гуырдзыстоны хихъахъæнады министр Ираклий Чиковани Бельгийы Паддзахадмæ, Брюсселы визитæй ис.
Ираклий Чиковани НАТО-йы штабы уагъд «Раммштейны къорды форматы» 26-æм фембæлдыл хайад иста. Фембæлдыл хайад райстой хъахъхъæнынады уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æмæ Альянсы уæнг æмæ партнер бæстæты бæрзонд рангы кусджытæ.
Фембæлд байгом кодта Иугонд Паддзахады хъахъхъæнынады паддзахадон нымæрдар Джон Хили. АИШ-ы ног хихъахъæнады минситр Пит Хегсет бæрзонд рангы бæрнонтимæ раныхас кодта.
Конференцийы хайадисджытæ Украинæйы цæугæ хæсты фæдыл æмæ Украинæйæн æххуысы æнæмæнгхъæуындзинадыл фæныхас кодтой.
Ацы форматы фембæлдтæ арæзт æрцыдысты 2022 азы апрелы, АИШ-ы инициативæйæ. Украинæйы хъахъхъæнынады контакт къорды 26-æм фембæлдæн Стыр Британи къухдариуæг кæны.