Ираклий Бераиа – цыфæнды хуызы расидтыл, оккупацигонд регионты æнæзакъонон къахдзæфтыл кæддæриддæр ис æмбæлгæ реакци куыд не рдгæй, афтæ æхсæнадæмон партнерты æмархайдæй
Парламенты хъахъхъæды комитеты сæрдары, Ираклий Бераиайы фидиæнæй, цыфæнды хуызы расидтыл, æнæзакъонон къахдзæфтыл, кæцыты оккупацион тых оккупацигонд регионты æххæст кæны, кæддæриддæр ис æмбæлгæ реакци куыд хицауады æрдгæй, афтæ æхсæнадæмон партнертимæ æмархайдæй, цæмæй сыххæст уа æхст фæурæды фæдыл бадзырдæ æмæ æхсæнадæмон барадæй бæрæг хæсистытæ.
«Æмтгæй зæгъгæйæ, уырыссаг оккупаци нæ бæстæйæн æмæ æнæхъæнæй регионæн стыр расидт у. Очамчирейы порты инфратсруктурæйы ауæрæхы фæдыл фехъусын кæныны размæ дæр æдасдзинады уавæр тынг уæззау æмæ сæртæг уыд. Оккупацигонд Абхазы лæууы Уæрæсейы хуссар æфсæддон зылды æвдæм æфсæддон базæ хæстæрмæгимæ, ифтонггæрзтимæ, ис куыд ракетон системæтæ, афтæ донбыл хъахъхъæды системæтæ, кæцытæ æххæссынц тынг дардыл. Очамчирейы инфраструктурæйы ауæрæх-æнæауæрæхы фарста уавæр бындуронæй, гæнæн ис ма фæива. Лæвæрд моментмæ уым лæууы æрмæст «ФСБ»-ы донбылхъахъхъæды катертæ, а.х ФСБ-ы базæ. Æфсæддон нысаниуæгы стыр дæлдон наутæ райсынæн инфраструктурæ цæттæ нæу. Ацы этапыл ауæрæх нæ цæуы. Цыфæнды райсидт, тас, æнæзакъонон къахдзæфтæ, кæцыты оккупацион тых æххæст кæны оккупацигонд регионты, хицауады хъусдардæй цух нæ баззайы. Уыдæттыл кæддæриддæр ис æмбæлон реакци куыд не рдгæй, афтæ нæ æхсæнадæмон партнерты æмархайдæй уымæн, цæмæй адарддæр уа æлхъывд агрессивон паддзахадыл, сыххæст уа æхст фæурæды бадзырдæй æмæ æхсæнадæмон барадæй ист хæсдзинæдтæ», – банысан кодта Ираклий Бераиа.