Ираклий Антадзе - Важа Гаприндашвили, æмбæлон паддзахадон уагдæтты æнæруромгæ куысты æмæ нæ æхсæнадæмон партнерты æххуысæй ссæрибар ис
Важа Гаприндашвилийы æнæниздзинады уавæр у дзæбæх, уый Гуырдзыстоны централон хицауады контролгонд территорийыл уæвы – уый фæдыл паддзахадон æдадсзинады куысты, информацион-аналитикон департаменты хистæры хæдивæг Ираклий Антадзе райхъусын кодта.
«Дохтыр Важа Гаприндашвили сæрибар у. Ныр уый уæвы Гуырдзыстоны централон хицауады контролгонд территорийыл . Паддзахадон æдадсзинады куыст фыццаг бонæй фæстæмæ уыд баст ссæрибар кæнынæн цæугæ процессты. Ацы хъуыддаджы æрвылбойнон режимы куыста тæвд хахх, цæй зæгъын æй хъæуы ацы процессы баст уыдысты æмбæлон паддзаадон уагдæттæ æмæ сæ координацигонд æмæ æнæруромгæ куысты фæстиуæгæн, æмæ цæй зæгъын æй хъæуы нæ æхсæнадæмон партнерты æххуысы фæстиуæгæн æрлæууыд уыцы фæстиуæг, кæцыйы æвдисæнтæ дæр стæм.
Важайы æнæниздзинады уавæр у хорз. Ац ы минутты уын куыд загътам афтæмæй уый уæвы централон хицауады контролгонд территорийыл æмæ фæстæдæр фылдæр детæлтты фехъусын кæнын уыдзæн нæ бон» – райхъусын кодта Ираклий Антадзе.
Дохтыр Важа Гаприндашвили сæрибар у.