Интернетпровайдертæн, бадзырды мидæг уыдзæн гъæды параметрты бавдисын æмæ сæ æххæсты хæсист
Интернетпровайдертæн, бадзырды  мидæг уыдзæн гъæды  параметрты  бавдисын  æмæ сæ æххæсты хæсист

Гуырдзыстоны  интернеты  гъæды   кантролыл  уынаффæ рахæсдзæн   коммуникациты  националон камис  æввахсдæр периоды –  фæнысангонд  фидиуæн  –  фæнысангонд  фидиуæны  коммуникациты  националон   камисы сæрдар Каха Бекаури сарызта.

Йæ  ныхасмæ проектмæ гæсгæ,   интернетпровайдертæн  бадзырды  интернеты гъæды параметрты  бавдисыны  æмæ  йæ сæххæсты  хæсист уыдзæн æвæрд.

«Ацы  проекты  активон  фазæйфы  сæтм,   ивгъуыд къуырийы,   сырæзт хъусын. Интернеты  гъæды  кантролыл  уынаффæ   камис   æввахс  периоды рахæсдзæн, кæцы  компаниты  æрдгæй  пайдагæнджытимæ бадзырды  раивын  раситдзæн.  Бадзырд раивынæн  сæм  лæвæрд æрцæудзæн  æртæ мæййон   æмгъуыд.  Бадзырды   интернеты  гъæды  параметр  ныры онг  никуы уыдис бавдыст  æмæ  фидæны афтæ нал уыдзæн.  Уыдон хæсджын уыдзысты  пайдагæнджытимæ  контракты  гæъды  параметртæ, уый нымæцы,   интернеты   тагъдад  æмæ æндæр гъæдон   параметртæ  бахæссой,   афтæдæр сæ  фæстæдæр сæххæст кæной» хъусын кæны Бекаури.

Афтæма, коммуникациты  наицоналон  камисы   сæрдары  æмбарынгæнæнæй,   пайдагæнджытæм лæвæрд  æрцæудзæн,  интернеты  тагъдады   басгарыны  æмæ  бадзырды домæнтимæ  сбарыны  фадат, специалон аппликацийы руаджы.

Домæнты  Хæлдтыты сфиксир кæныны   цауы,   пайдагæнæгæн  йæ бон бауыдзæн, камисмæ  хъаст бахæссын.   Фæлæ  Каха Бекаурийы  дзырдæй,   камис,  процессы  æнæ уый  дæр  24  сахаты  дæргъы  бадардзæн йæ цæст  æмæ  интернетпровайдерты  æрдгæй,   гæнæн  хæлдтыты   цауы,  реакцийы  хæдбарæй дæррвдисдзæн.

Коммуникациты националон  камисы  сæрдары ныхæстæм гæсгæ,  бадзырды   хæлды  цауы,   компанийы нырма бафæдзæхсдзысты,  уый фæстæ та, финансон   санкцитæ дæр  скусдзысты.

«Санкцитæ  Гуырдызстоны  закъондæттынадæй  уыдзысты фидар. Фыццаг  хаттыл   уыдзæн фæдзæхст, дыккаг  хатт   финансон санкци æмæ æртыккаг   хаттыл та,   афтæдæр  финансон   санкци,  кæцы  270 мин  ларимæ хизы» – хъусын кæны  Каха Бекаури.