Интенсивон  митуарды тыххæй, Кахеты иуæй-иу муниципалитеты сфидар кодтой арæнæвæрдтæ  транспорты змæлдыл
Интенсивон митуарды тыххæй, Кахеты иуæй-иу муниципалитеты сфидар кодтой арæнæвæрдтæ транспорты змæлдыл

Интенсивон  митуарыны  тыххæй,  сæумæрайсомæй  Телауы муниципалитеты транспорт  не змæлы.

Мидпаддзахадон нысаниуæгы  Вазиани-Гомбор-Телауы  автомобилон фæндагыл та æрмæстдæр  дыууæ æмæ фылдæр хидджын   автотранспорты  змæлд у уæгъд.  Змæлды фæндаджы фæнысангонд фадыгыл  контрол кæнынц патрулон пъæлицæйы  экипажтæ.  Кахеты  алы æмбæлгæ  куыст   сæумæрайсомæй  интенсивон  режимы  кусынц.  Фæндæгтыл  згъалынц  техникон   цæхх.

Арæнæвæрдтæ ис  энергоифтонгады дæр. Иуæй-иу муниципалитетты  зиангонд сты электроадæттæн хаххытæ. Регионы масштабæй  22 мины онг  абонентæн нæй  электроэнерги. Уæлвæтк режимæй кусы «Энерго-про-Джорджиайы»  техникон куыст. Цæуынц сногггæнæн  кустытæ.