«Сæрибар Марш»  Кахеты акцитæ уадзы
«Сæрибар Марш» Кахеты акцитæ уадзы

«Сæрибар Марш» Кахеты  акцитæ уадзы.  Протестон цыдтæ  ракодтой Сагареджо æмæ Гурджааны, кæцæй дæр араст сты  Хъуарелмæ.

Сæ сæйраг æркуырд у æстæм марты бадзырд сыххæст кæнын, политахæстты  рауадзын æмæ  ногæй  парламентон æвзæрстытæ саразын.

Змæлды  уæнгтæ  транспаранттæй,  æмæ сигналгæнгæйæ   централон уынгтыл æрзылдысты æмæ  бынæттонтæм  протест равдисынмæ æрсидтысты.

«Райдыдтам Кахетæй, абон регионыл æнæхъæнæй æрзилдзыстæм. Хицауадæн  æнцойуагъды  фадат нæ ратдзыстæм. Курæг стæм  8  марты бадзырд сыххæст уа. Уыдон та нæ уæгъд кæнынц  политахæстты,  æмæ сæ нымæц фылдæрдæр кæнынц.  Уый тыххæй,  протест адарддæр уыдзæн. Æнæмæнгæй уыдзæн фæстиуæг   æмгъуыдагъоммæ  æвзæрстытæ», – хъусын кæнынц змæлды уæнгтæ.

«Сæрибар Марш»  боны дæргъы   регионы масштабæй  уадздзæн акцитæ. Хатидзæгон  протестон  цыд та  Телавы уыдзæн.