Уæззау  метеорологион уавæрты тыххæй,  автомобилон фæндæгтыл змæлдыл æрбайстой арæнæвæрдтæ
Уæззау метеорологион уавæрты тыххæй, автомобилон фæндæгтыл змæлдыл æрбайстой арæнæвæрдтæ

Гуырдзыстоны регионон  рæзынады æмæ инфраструктурæйы  министрады автомобилон фæндæгты  департаменты  информацийæ,  вазыгджын метерологион  уавæрты тыххæй,  Гуырдзыстоны  масштабæй  ацы рæстæгмæ змæлдыл арæнæвæрдтæ  архайынц  ацы фæндæгтыл:

Æрдзы националон агентады хъусинагæй, Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы  Гудаури-Къобийы  фадыгыл,  зæйтæссаг уавæры тыххæй  фæнысангонд фадыгыл   фæдзæхст у  цыфæнды хуызы автотранспорты  змæлд. Ацы  фæндаджы  Млета-Гудаурийы  фадыгыл змæлд гæнæн ис  æрмæст рог автотранспортæн.

Уыимæ ма,  æрдзы националон агентады хъусинагæй,   Млета-Гудаурийы  фадыгыл  автотранспорты змæлд цæудзæн  æнæруромгæ режимы.

Интенсивон митуарды æмæ  кæлæхы тыххæй, Тбилиси-Сенаки-Леселидзейы  автомобилон  фæндаджы  км40-км158  фадыгыл, фæдзæхст у змæлд стыр уæзласæн  авторанспортæн,  иннæ  хуызы   транспорты  змæлд уæгъд у.

Фæндаджы иннæ  фадгуытыл   автотранспорты  змæлд  уæгъд у.

Интенсивон  митуарды тыххæй,  Сачхере-Онийы   автомобилон фæндагыл   тобæ у  стыр уæзласæн   автотраспорты  змæлд,  иннæ  хуызы  транспортæн змæлд у сæрибар.

Интенсивон  митуарды тыххæй,  Кутаис-Тхъибул-Амбролаурийы  автомобилон  фæндаджы  км39-км60 (Накералайы  æфцæг)  фадыгыл, фæдзæхст у  стыр уæзласæн (фурæтæй  ма  цы  хонынц  ахæм)  транспорты змæлд, æрмæст иннæ  хуызы  транспортæн змæлд у сæрибар.

Уагдоны хъусинагæй,  митуарды,  ныллæг  температурæйы æмæ зæйтæссаг уавæры тыххæй, Жинвал-Барисахо-Шатилы автомобилон фæндаджы  км53-км106 (Къорша-Шатили)  фадыгыл, фæдзæхст у  алыгъуызон  автотранспорты змæлд. Фæндаджы иннæ фадгуытыл  автотранспорты змæлд уæгъд у.