ИНО-йы æдасдзинады советы уæнг аст бæстæ, Гуырдзыстоны тыххæй иуæймаг фидиуæн аразынц
ИНО-йы æдасдзинады советы æхгæд рабадтыл 2008 азы августы хæсты фæстæ Гуырдзыстоны цы уавæр сырæзт, уый фæдыл фæуынаффæ кодтой. Советы уæнгтæ байхъуыстой ИНО-йы генералон нымæрдары æххуысгæнæджы, Мирослав Йенчайы раныхасмæ. Фембæлд виртуалон форматы ацыд, кæцыйыл уыдысты Белгийы, Эстонийы, Францы æмæ Германийы, афтæма АИШ-ы æмæ Иугонд Паддзахады минæвæрттæ, афтæма уыдысты ног уæнгты Норвегийы æмæ Ирландийы минæвæрттæ.
Рабадты фæстæ, Гуырдзыстоны тыххæй Бельгийы, Эстонийы, Францы, Германийы, АИШ-ы, Иугонд Паддзахады, Норвеги æмæ Ирландийы иумæйаг фидиуæн ахæлиу ис.
«Хъæддых æнцой дарæм Гуырдзыстоны хæдбарад, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Уæрæсейы гарзджын тыхты дæргъвæтин уæвын Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны, афтæма, Уæрæсейы æрдгæй ацы регионты а.х. суверенитеты банымад, халы Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ йæ бын къахы Гуырдзыстоны суверенитетæн, афтæ куыд æхсæнадæмон уагæвæрды нормæтæн. Уый ма ноджы фылдæр хицæнтæ кæны дзыллæ æмæ тасы бын æппары æнæнизхъахъхъæд æмæ конфликтæй зианбавзарæг цæрджыты.
Тынг мæстыгæнæг у а.х. бордеризацийы процессы интенсификаци фæстаг азы дæргъы, уый нымæцы «Ковид-19»-ы глобалон пандемийы рæстæджы. Ацы æнæ уый дæр уæззау афоны, де факто хицауадтæ эффективон æххæст кæнынц арæйнон контроль Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны регионты æмæ дарддæр кæнынц хивæнд æрцахстытæ администрацийы хаххы дæргъмæ», – банысангонд у иумæйаг фидиуæны.
Афтæма фидиуæны банысангонд у, цæмæй де-факто «Хуссар Ирыстоны» хицауад не сразы вæййы медицинон эвакуацийыл æмæ гуманитарон æххуысыл.
Фидиуæны банысангонд у, цæмæй дæргъвæтин конфликт тас хæссы сабырдзинад æмæ стабилондзинадæн, хъыг дары адæймаджы барты хъахъхъæд æмæ фундаменталон сæрибары сæххæст æмæ тынг æппæрцаг æндавы Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæнизхъахъхъæд æмæ æдасдзинадмæ, цæмæй дæр дестабилизаци кæны æнæхъæнæй регион.