ИНО-йы адæймаджы барты советы 43-æм сессийыл, Гуырдзыстонæн фарсхæцæг фидиуæнтæ сарызтой
Женевæйы ИНО-йы адæймаджы барты советы 43-æм сессийы фæлгæтты генералон дебаттæ ацыд, кæцы рæстæджы дæр Гуырдзыстонæн фарсхæцæг фидиуæнтæ сарызтой, евроцæдис, Болгарийы, Украинайы, Финляндийы, Эстонийы, Лиетувайы, Латвийы, Францы, Стыр Британийы æмæ Грецийы æрдгæй.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй, делегацитæ райынц Гуырдзыстоны æнгом æмгуыстадæй ИНО-йы адæймаджы барты бæрзонддæр комиссийы офисимæ æмæ адæймаджы барты хъахъхъæды цæстæнгасæй бæстæйы уæвæг прогрессæй.
«Уыдон сагъæстæ равдыстой Гуырдзыстоны регионты Абхаз æмæ Цхинвалы регионы, «Ковид-19»-ы пандемийы уавæрты, гуманитарон æмæ æадæймаджы барты цæстæнгасæй уæвæг вазыгджын уавæры тыххæй. Сæрмагондæй та, делегацитæ бафаудтой Уæрæсейы оккупацион тыхты æрдгæй аразгæ барьерты æвæрыны æнæзакъонон процессы дарддæр кæнын æмæ змæлды сæрибарыл уæлæмхас арæнæвæрдты æрбайст.
Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд змæлды сæрибар арæнæвæрды фактты æрдæм, сæ нымæцы Цхинвалæй/ Хуссар Ирыстонæй тагъд медицинон эвакуацийы нæзагъды цаутыл, кæцы сæрмагондæй «Ковид-19»-ы контексты, ноджы фылдæр зын кæны конфликтæй зианбавзарæг æмбæстæгты цардуаг, æппæрццаг æндавы сæ æнæниздзинады уавæрмæ æмæ бартæм.
Афтæма, раныхасгæнджытæ хаххгондæй банысан кодтой оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл, Абхаз æмæ Цхинвалы регионы, ИНО-йы адæймаджы барты бæрзонддæр комиссары офисы æмæ адæймаджы барты хъахъхъæнæг æхсæнадæмон механизмты бацыды æмæ мониторингы æнæмæнгхъæуындзинад æмæ æрсидтысты Уæрæсейы Федерацимæ, цыт кæна æхсæнадæмон барады нормæтæн, сифтонг кæна адæймаджы барты хъахъхъæды механизщмты æнæаргъæвгæ æмæ æнæмæнгæй бацыд оккупацигонд Гуырдзыстоны регионтæм», – дзырдæуы информацийы.