ИНО -  Дунейы лигъдæтты нымæц фыццаг хатт у 100 милуанæй  фылдæр, уый нымæцы  Украинайы  хæсты тыххæй
ИНО - Дунейы лигъдæтты нымæц фыццаг хатт у 100 милуанæй фылдæр, уый нымæцы Украинайы хæсты тыххæй

Дунейы  лигъдæтты нымæц фыццаг хатт  фæуæлдæри 100 милуанæй,  сæ нымæцы  Украинайы  хæсты  тыххæй, – уый фæдыл  информаци хъусын кæны ИНО.

ИНО-ы лигъдæтты  бæрзонддæр   комиссары фидиуæнæй, адæймæгтæ тыхыбын фесты  сæ  бæстæтæ ныууадзын  æфсæддон æмæ æмбæстагон  конфликтты, сурыны, адæймаджы барты халыны кæнæ  æндæр уый  хуызæн аххосæгты  тыххæй.

Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,  ахæм сæррæтты иуæй-иу катализатор уыдис Уæрæсе  Украинайы  цы хæст райдыдта,  уый.  ИНО-ы  эксперттæ  нымайынц, цæмæй  конфликт  райдаынæй  абоны  онг 14 милуанæй фылдæр украинаг ссис  лигъдон. Уыдонæй  æхсæз милуан  ныууагъдтой  бæстæ, æрмæст ноджы  аст милуан  ссис   тыхбын  бынативгæ  уæнгæй.

Тыхбын бынативгæты  мониторингы  центр (IDMC) хыгъдлæвæрдмæ гасгæйæ,  дунейы  лигъдæтты  нымæц нырид  дунейы  æппæтон цæрджыты  иу  процентæй  фылдæр у.