Ильхам Алиев – Вахтанг Кикабидзе Азербайджаны стыр хæлар уыд, йæ зынаргъ ном кæддæриддæр цæрдзæн нæ зæрдæты
Азербайджаны президент Ильха Алиев Вахтанг (Буба) Кикабидзейы мæлæты тыххæй хъыгтæ дзуры.
«Нæ хъыгтæ дзурæм гуырдзиаг адæмы хистæр хъæбулы, зынгæ зарæггæнæгы, артист æмæ режиссеры, Вахтанг Кикабидзейы мæлæты тыххæй. Вахтанг Кикабидзейы ном æнусмæ баззайдзæн гуырдзиаг культурæйы разагъд историйы. Вахтанг Кикабидзе æппæт европæйы символæй ссис йæ бонджын талантæй, бæрзонд профессионализмæй æмæ ног уникалон атмосферæйы фæрцы, кæцыйы уый æрбахаста аивадмæ.
Рох кæнын гæнæн цæмæн нæй азæм дæнц, кæцыты уый фильмты хъазыд, зарджыты,к æцыты уый æххæст кота йæ оригиналон вокалон фæлтæрдтæй, сæрмагонд бынат ахсынц цалдæр фæлтæры зæрдæты.
Вахтанг Кикабидзе, Азербайджаны стыр хæлар уыд. Йæ сфæлдыстад кæддæриддæр уарзта азербайджайнаг адæм æмæ йын тынг цыт кодта йæ номæн. Уый ма афтæдæр нысаниуæгджын хайбавæрд скодта Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны æхсæн культурон ахастытæ стынг кæныны æмæ хæларон æмæ хæларсыхагон ахастытæ сфидарк æныны. Зынгæ аивадархайæг æмæ зæрдæхæлар адæймаг, Вахтанг Кикабидзейы ном кæддæриддæр нæ зæрдыл лæудзæн.
Æмæнкъард кæнын уæ рысты тыххæй, мæхи æмæ Мехрибаны номæй уын тæфæрфæс кæнын», – банысан кодта Ильхам Алиев мæсæллæйы фыстæджы.
Зарæггæнæг, киноартист, режиссер, сценарист, Гурдзыстоны адæмон артист Вахтанг (Буба) Кикабидзе 84 азы кары амард.