Илья II - Махæн Ныгуылæны æмæ Америкæйы культурæ у хæстæг, уымæн æмæ чырыстонон бындурыл сæвзæрд
Махæн Ныгуылæны æмæ Америкæйы культурæ у хæстæг, уымæн æмæ чырыстонон бындурыл сæвзæрд – ацы ныхæстæй басидтис Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг Гуырдзыстоны Америкæйы иугонд штатты минæвармæ Ян Къеллимæ, кæцы йæ хæрзбонйнон визитæй уыдис Патриархийы.
«Зæрдиагæй уын афрæ кæнын Сыгъдæг Синоды æмæ мæхи номæй æмæ уын ракувдзынæн стыр æнтыстытæ фидæны куыстыты.
Сымах тынг вазыгджын периоды уыдыстут минæварæй, фæлæ тынг зæндджынæй фæтых стут алы проблемæйыл.
Махæн Ныгуылæны æмæ Америкæйы культурæ у хæстæг, уымæн æмæ чырыстонон бындурыл сæвзæрдис. Бæрзонд аргъ кнæм уæ ивгъуыдæн æмæ дис кæнæм уый тыххæй, цæмæй куыд бахъом ис æмæ ахæм цыбыр периоды куыд баххæссыд Америкæ ахæм культурæ, ахæм зонадон-техникон прогрессмæ.
Нæ епископты делегаци уыдис АИШ-ы æмæ дисгæнгæйæ æрыздæхтысты фыдыбæстæмæ.
Алцыппæт сараздзыстæм уы тыххæй цæмæй æрыввахсы æрдгæй прогресс адарддæр уа, фæлæ Гуырдзыстон æнæ уый дæр лæууы ац фæндагыл.
Тынг райгонд дæн уæхи æмæ Америкæйы хицауадæй, уыцы æххуыс æмæ æнцойы тыххæй, кæцыйы Гуырдзыстоны æрдæм æвдисут.
Зонут æй Гуырдзыстоны территориты 20% оккупацигонд сты. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Хуыцауы руаджы æмæ нæ хæлæртты æххуысæй, Абхазиæ æмæ Цхинвалы регион æрздахдзыстæм.
Цыдæриддæр та аргъуанмæ æххæссы, иуæй-иутæ кæронмæ йæ роль не æмбарынц, йæ нысаниуæг нæ историйы. Гуырдзиаг никуы уыдис фанатик, мах кæддæриддр уыдыстæй æцæгæй дæр уырнæг Чырыстон.
Иуæй-иутæ дис дæр фæкæнынц уымæй, цæмæн у аргъуаны авторитет афтæ бæрзонд Гуырдзыстоны, – уымæн æмæ кæддриддæр хъахъъхæдта йæ культурæ, æвзаг, йæ ивгъуыд æмæ алцыппæт ай у адæмы интерес дæр.
Куыд загътон афтæмæй, сымах тынг вазыгджын афоны æххæст кодтат минæвары хæстæ, æндæра уæм бирæ фылдæр тæлмæн уыдаит Гуырдзыстонæй.
Фæл мæм ныфс ис, нæ ферох кæндзыстут Гуырдзыстон æмæ гæнæн ис минæвары хæстæй нæ фæлæ, æнæ уый арæхт нм фæуазæг уат Гуырдзыстоны.
Фæнды мæ ракувон уын сымах æмæ уæ бинойнагæн.
Уæ фидæн уыдзæн тынг хорз» – банысан кодта Æппæт Гуырдзыстоны Катклисо-Патриарх.