Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг сахар Генуяйы хиды ныккæлыны фæстиуæгæн фæмардуæвджыты тыххæй, Италийы президент Серджио Матареллайæн тæфæрфæс ракодта.
«Цытджын президент, тынг хъыг мын у Генуяйы хиды ныккæлыны фæстиуæгæн æрцæугæ трагикон цауы тыххæй, кæцыйы амæттаг ссис бирæ адæймаг.
Скувдзыстæм, цæмæй фæмардуæвджыты бинонты уæнгтæ æмæ хæстæджытæн, афтæдæр зианбаййафджытæн Хуыцау раттæнт уый тыхтæ æмæ хъару цæмæй ацы стыр мастæн бафæразой. Райсут нæ æмæнкъард. Курæг уæ стæм, мæсæллытæ фехъусын сын кæнат уыдонæн æмæ æнæхъæнæй италиаг адæмæн. Стыр цытæй Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх»,- дзырдæуы Патриархы фыстæджы.
Цау Генуяйы 14-æм августы æрцыд. Хиды ныккæлыны фæстиуæгæн, фæстаг бæрæггæнæнтæй, 39 адæймагы фæмард.