Илья Дыккаг -  Зындзинæдты рæстæджы, хъуамæ зæгъæм, Хуыцау у уарзондзинад  æмæ  нæ  уарзондзинад фервæзын кæндзæн алкæй
Илья Дыккаг - Зындзинæдты рæстæджы, хъуамæ зæгъæм, Хуыцау у уарзондзинад æмæ нæ уарзондзинад фервæзын кæндзæн алкæй

Зындзинæдты рæстæджы  хъуамæ зæгъæм, Хуыцау у уарзондзинад  æмæ  нæ  уарзондзинад фервæзын кæндзæн алкæй  – уый фæдыл   Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг,   хуыцаубонон   куывды  фæстæ,  динамынды рæстæджы загъта.

Рæстдинон  аргъуан  абон  бæрæгбон кæны  Дзуарæн табугæнæн бон.  Илья Дыккагы  ныхæстæм гæсгæ,   адæймагмæ  цы зындзинæдтæ æрбафтынц, уыдон сты  Хуыцауæй æрвыст   дзукарау.

«Нырид  ацыд  Стыр Мархойы  ртæ къуырийы. Абоны бон  Дзуарæн табу кæныны  къуыри у.  Ноджы иу  хатт  хъуамæ ахъуыды кæнæм уый тыххæй,  цæмæй дзуар  кæцыйы нæ уæхсчытыл фæхæссæм,   у Хуыцауæй лæвæрд.  Фæлæ  æгæр  зын вæййы, адæймаг   дзуар  æхимæ æхæдæг куы райсы уый.  Æцæгæй та нын, Хуыцау  дæтты  дзуар  æмæ  ацы  дзуар вæййы фæлварæн махæн. О мæ  кæд Хуыцау дæтты дзуар, уæд афтæдæр дæтты  уый  хъомыс,  цæмæй ацы  дзуар  хæссæм.  Иуæй-иу  адæймаг уыййас тыхджын у,  æмæ  искæй  дзуар дæр фæхæссы.  Иуæй-иу адæймаг та  афтæ тыхджын  æмæ   нацийы  адæмы дзуар хæссы, фæлæ йын  Хуыцау   æххуыс кæны,  дæтты йын хъару æмæ  æнцой».