Илья Дыккаг – Зæрдæриссаг сты хæстытæ, сæрмагондæй та нæ сыхы, кæцыйы Уæрæсе æххæст кæны Украинайы, цы ран сфиксир сты æбуалгъ факттæ æмæ тынг уæззау сырдон митæ
Стыр æнамонддзинады æрхссæг у бæстæты æсхæн хæст, уымæн æмæ мингай адæймаджы цард ахæссы, къæхты бын ныккæны алы закъонтæ, мораль, аргъдзинæдтæ, йемæ хæссы æрмæст пырх æмæ материалон-культурон зиан, тауы æнæхатырдзинад æмæ æппæтадæмон фыдзæрдæдзинад, кæцы цæй зæгъын æй хъæуы, тынг уæззау уавæр æвзæрын кæны адæймæгты удон уавæры цæстæнгасæй – уый фæдыл банысангонд у Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос –Патриархы Илья Дыккаджы Куадзæнон эпистолæйы.
Эпистолæйы куы д у банысангонд афтæмæй, егъау зæрдæрыст æвзæрын кæны абон дунейы цæугæ хæстытæ, сæрмагондæй та сыхы, кæцыйы Уæрæсе æххæст кæны Украинайы.
«Ацытæккæ уæвæг уавæр ахæм у, куы ничиуал зоны, цы æрхæсдзæни сомбон æмæ куыд айтынг уыдзысты фæзындтæ; процесстæ гæнæн ис тагъд фæуа, кæнæ дæргъвæтин быцæудзинадмæ айрæза, кæнæ гæнæн ис алчи слæууæм глобалон катастрофæйы раз, кæцы цæй зæгъын æй хъæуы æппæты æфтауы тасы.
Фæлæ нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй сеагсдæр вазыгджын уавæрæй нæ Цардæттæг бирæ хæттыты фервæзын кодта адæймагад; сæйраг у, уæззау уавæры дæр ма фесафæм адæймагон аргъдзинæдтæ, ма фесафæм уырнынад æмæ нæ Цардæттæгы ныфс» – банысангонд у эпистолæйы.