Илья Дыккаг Уæрæсейы Патриархмæ баздæхт - Абхаз æмæ Цхинвалы регионм æуырыссаг æфсæддон хайадтæм уæ сауджынты æрвыст зынæмбарæн у, æмæ уæззау уавæры æфтауы мах алкæй
Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг Мæскуы æмæ Æппæт Уæрæсейы патриарх Кирилмæ баздæхт æмæ банысан кодта, цæмæй зæгъгæ бхаз æмæ Цхинвалы регионмæ, уырыссаг æфсæддон хайадтæм уырыссаг сауджынты æрвыст, уымæн зынæмбарæн у. Илья Дыккаг афтæдæр банысан кодта, цæмæй аргъуанон закъонтæмæ гæсгæйæ, нæрайсгæ у Гуырдзыстоны территоримæ, æвварстæй æндæр искæцы рæстдинон аргъуаны минæвæртты арвитын, хуымæтæг адæмон тыгъдады бакусынæн.
«Уæрæсейы аргъуан кæддæриддæр нымадмæ иста æмæ исы Гуырдзыстоны аргъуаны юрисдикци куыд Абхазы, афтæ Цхинвалы регионы, уый тыххæй дæр махæн зынæмбаргæ у , ахæм архайд æмæ уæззау уавæры æфтауы алкæй.
Аргъуанон закъонтæм гæсгæйæ, нæрайсгæ у, Гуырдзыстоны территоримæ, æвварстæй æндæр искæцы рæстдинон аргъуаны минæвæртты арвитын, хуымæтæг адæмон тыгъдады бакусынæн. Ахæм архайд карз кæны уавæр.
Ныфс дарæм, амал уæвæгæйæ райсдзыстут мадзæлттæ нæ паддзахадты, адæмты æмæ аргъуанты æхсæн ахастытæ нормализацидзинадæн.
Арфæ уын кæнæм æнæниз куыд уат æмæ æнтыстытæ уæ бæрзонднысаниуæгджын куысты» – банысангонд у Илья Дыккагы фыстæджы.