Илья Дыккаг - Сывæллæттæ, хъæбултæ, раттут дзырд цæмæй никуы басгардзыстут наркотиктæ
Самебайы кафедралон аргъуаны, бæрæгбонони куывды фæстæ Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг йæхимæ фæсидтис сывæллæттæм, ракуывдта сын æмæ сæм динамынд бакаст.
«Арфæ уын кæнын абоны бон. Абон у фарны бон, сывæллæттæн ракувыны бон уый тыххæй дæр хъкамæ скад кæнæм. Абн кувын сывæллæттæн. Сыгъдæг Барбаре (Варварæ) сыгъдæджытæй сæрмагонд у, уый уыд иунæг хъæбул, уыдлис йын фыд æмæ йæ уый хъомыл кодта, фæлæ йæ фыдмæ нæ уыд æцæг дин, нæ уыд чырыстон. Сыгъдæг Барбарейы хъизæмар у дæнцон, йæхи фыд æй амардта. Абон мæ фæнды дыууæ ныхасæй бавналон сабиты хъомылады фарстмæ, нæ фæсивæд хъуамæ загъдæуа цæмæй æндæртимæ абаргæйæ тынг хорз фæсивæд у, фæлæ нын ис иу хъæн, æгæр сæрыстыр стæм. Иуæй-иу æвзонг исы наркотиктæ. Сывæллæттæ, ерын сымах лæууыт хуыцауы раз, æмæ хъуамæ дзырд раттат, цæмæй никуы бавналдзыстут наркотиктæм, разы стут? Иумæ зæгъут – разы стæм».
«Ныфс мæ ис цæмæй нæ фæсивæд ныууадздзæн æвзæр ахуыр цæуыл у уый æппæт, ныфс мæ ис цæмæй рахатдзæн цас тæссаг у наркоманий. Ноджы уæм иу хатт сидын алкæмæ, макуы басгарут наркотиктæ» – банысан кодта Патриарх.