Илья Дыккаг – скувæм Сыгъдæг Гиоргимæ минæварæй нын уа Гуырдзыстон æмæ Хуыцауы æхсæн
Абон у сæрмагонд бон Гуырдзыстонæн æмæ дзы скувæм Сыгъдæг Гиоргимæ, цæмæй нын уа минæварæй Гуырдзыстон æмæ Хуыцауы æхсæн – уый фæдыл Æппæт гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг, Самебайы кафедралон аргъуаны литургийы фæстæ, дин амынды рæстæджы.
Скуывды фæстæ, Æппæт Гуырдзыстны Каталикос-Патриарх, Медадзеты, Къартозиаты, Курдианиты, Коридзеты, Данджгъаваты æмæ Бабиашвилиты мыггæгтæн ракуывдта.
Рæстдинон аргъаун абон бæрæгбон кæны Джеоргуыба.
Джеоргуыба афæдзы мидæг дыууæ хатт банысан кæнынц – 6 майы, сыгъдæджы адзалы бон æмæ 23 ноябры та йæ цалхыл хъизæмары бон. 23 ноябры кæй банысан кæнынц уый схононыц гуырдзиаг æгъдауæй зæгъгæ, уымæн æмæ æндæр аргъуантæм хаст æрцыд растдæр Гуырдзыстонæй.