Илья Дыккаг – сеппæтæй амондджын уыцы адæймаг у, æндæртæн чи æххуыс кæны сæ дзуар хæссын
Иттæг зын афоны цæрæм, ахæм афон, адæймаг дзæнæт æмæ зындоны æхсæн йæхæдæг куы сывзары ахæмы, Хуыцау зæгъæнт, æмæ дзæнæт сывзара, рахисырдгæй слæууа адæймаг – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг Самебайы кафедралон аргъуаны динамынды рæстæджы райхъусын кодта.
Илья Дыккаг адæймаджы вазыгджын цардыл фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй зæгъгæ цард адæймаг у фæлварæн, дзуар хæссын.
«Куыд уæззау у адæймагы цард, адæймаджы цард у фæлварæн, дзуар хæссын æмæ ацы дзуар кæцы йæм лæвæрд цæуы Хуыцауæй, кæронмæ хъуамæ ахæсса адæймаг. Арæх вæййы куы нын зын кæны дзуар хæссын, фæлæ нæ зæрдыл хъуамæ дарæм уый, цæмæй Хуыцау адæймагæн, цæмæн бафæразын хъом у адæймаг, уымæй уæззау дзуар нæ дæтты. Адæймаг у тыхджын вазыгджын гоймаг, фæлæ у уникалон, иу хатт райгуыры æмæ цæттæ кæны æнусон цардмæ, ахизы æнусон царды дунемæ æмæ амондджын адæймаг, кæцы Хуыцауы фæндты коммæгæс у» – райхъусын кодта Илья Дыккаг.