Илья Дыккаг - Ноджы иу хатт рахатыдыстæм Хуцаумæ куыд хæстæг стæм, сабырдзинад, циндзинад, уарзондзинад уæнт Æппæт Дунейы
Гуырдзыстоны Кталикос-Патриарх Илья Дыккаг, Самебайы кафедралон аргъуаны, рæстдинонтæн Куадзæны бæрæгбон раарфæ кодта.
«Чырысти Райгас. Абоны бæрæгбон алы æппæтæй бæрзонддæр у. Ноджы иу хатт рахатыдыстæм Хуцаумæ куыд хæстæг стæм. ЙÆ хорзæхтæй хайджын стæм. Сабырдзинад, циндзинад, уарзондзинад уæнт сымах æмæ Æппæт Дунейы. Арфæгонд ут æмæ байрайут дыууæдæр дунейы» – банысан кодта Патриарх.