Илья Дыккаг – Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ адæм аккагæй амæблдзæн президенты инаугурацийыл, Фыццаг Цау у,президентæй сылгоймаг кæй æрцыд æвзæрст
Фидæн къуырийы уыдзæн президенты инаугураци, мæнмæ гæсгæйæ нæ адæм аккагæй амæблдзæн ацы бæрæгбоныл – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос Патриарх Илья Дыккаг хуыцаубонон динамынды рæстæджы райхъусын кодта.
Илья Дыккаг куыд банысан кодта афтæмæй, уый зæгъгæ уырнæг у, цæмæй гуырдзиаг адæм афтæ ныллæг не рхаудзæн цæмæй кæрæдзийæ масти сын кæнæ æндæр исты æвзæр ракæна.
«Период кæцыйы президентон æвзæрытсты рæстæджы рацыдыстæм, уыдис фæлварæн, нæ наци бирæ æвзæрдзинад равдыста, уый тынг хъыгаг у.Арæх хуъыстис ахæм ныхæстæ, ома зæгъгæ хъæлæстæ адавдтой, омæ Саломэ сæ кæй нæ адавдта уый бæрæг куы у, мæ сæ нæхæдæг нæ адавдтам, æндæр сæ чи давдта? Уый нæхи æвзæрдзинад у. Æвзæрстыты рæстæджы иу хъæлæсæй фылдæр дæр куы райсы адæймаг, уæд уымæй дæр уæлахизгонд у, уый тыххæй мæ фæнды алкæмæй ракурын, хицауады минæвæрттæй, оппозицийæ, кæрæдзи ма æфхæрут, уарзут уæ кæрæдзи, Хуыцау нын уарзондзинад амоны æмæ ацы уарзондзинад, ацы дзæбæхдзинад кæцы сымах равдисдзыстут, фæстæмæ сымахмæ æрыздæхдзæн.
Иннæ къуырийы уыдзæн президенты инаугураци. Мæнмæ гæсгæ нæ адæм аккагæй амбæлдзæн ацы бæрæгбоныл. Фыццаг Цау у, сылгоймаг кæй æрцыд æвзæрст президентæй. Хуыцауæй фæдзæхст æмæ йæ хорзæхтæй хайджын ут» – банысан кодта Илья Дыккаг.