Илья Дыккаг - Ма  хъуамæ тæрсæм,  Хуыцау нын   фыдæвзарæн  куы ратты  уæд, дзæнæтмæ фæндаг фыдæвзарæныл  цæугæйæ  вæййы
Илья Дыккаг - Ма хъуамæ тæрсæм, Хуыцау нын фыдæвзарæн куы ратты уæд, дзæнæтмæ фæндаг фыдæвзарæныл цæугæйæ вæййы

Абон  у уыцы бон, Нæ  Хуыцау Йесо  Чырысти  куы бацыд Йерусалеммæ  – ахæм ныхæстæй æрсидтис  Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг  Самебайы кафедралон  аргъуаны æрымбырдуæвджытæм.

Патриарх  адæмæн  раарфæ  кодта Зазхæссæны  «бзобайы» бæрæгбон  æмæ банысан кодта,  цæмæй  цин æмæ маст   фаззон æфсымæртау иумæ балц кæнынц  æмæ кæддæриддæр иумæ сты.

«Арфæ  уын кæнын  ацы    стыр бæрæгбон, Зазахæссæн. Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм цæмæй   цин æмæ маст  куыд фаззон æфсымæртæ  иумæ  аблц  кæнынц.  Абон у ахæм бон,   Нæ Хуыцауы Йесо Чырысти   бæрæгбойнонæй  куы бацыд Йерусалеммæ.  Евангелийы  фыст ис, цмæй йеуæд базмæлыд  æппæт сахар,  æмæ йын  æнæхъæнæ горæт кад кодта Царддæттæгæн. Æмбæлыдысты йыл куыд  Паддзахаыл афтæ». НÆ Хуыцау уыдта  фидæн æмæ  куыдта,  зыдта, цæмæй  ацы адæм  абон йы цыт кæнынц,  æмæ йæ æртæ боны фæстæ  та æркуырдтаиккой   дзуарыл  бафтауын.  Ма  хъуамæ тæрсæм,  Хуыцау нын   фыдæвзарæн  куы ратты  уæд. Хуыцауæй фæдзæхст  ут!  Амондджын Куадзæн нын  сбон кæнæт, Аминь» – банысан кодта Патриарх  динамынды рæстæджы.