Илья Дыккаг - Ма хъуамæ тæрсæм, Хуыцау нын фыдæвзарæн куы ратты уæд, дзæнæтмæ фæндаг фыдæвзарæныл цæугæйæ вæййы
Абон у уыцы бон, Нæ Хуыцау Йесо Чырысти куы бацыд Йерусалеммæ – ахæм ныхæстæй æрсидтис Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг Самебайы кафедралон аргъуаны æрымбырдуæвджытæм.
Патриарх адæмæн раарфæ кодта Зазхæссæны «бзобайы» бæрæгбон æмæ банысан кодта, цæмæй цин æмæ маст фаззон æфсымæртау иумæ балц кæнынц æмæ кæддæриддæр иумæ сты.
«Арфæ уын кæнын ацы стыр бæрæгбон, Зазахæссæн. Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм цæмæй цин æмæ маст куыд фаззон æфсымæртæ иумæ аблц кæнынц. Абон у ахæм бон, Нæ Хуыцауы Йесо Чырысти бæрæгбойнонæй куы бацыд Йерусалеммæ. Евангелийы фыст ис, цмæй йеуæд базмæлыд æппæт сахар, æмæ йын æнæхъæнæ горæт кад кодта Царддæттæгæн. Æмбæлыдысты йыл куыд Паддзахаыл афтæ». НÆ Хуыцау уыдта фидæн æмæ куыдта, зыдта, цæмæй ацы адæм абон йы цыт кæнынц, æмæ йæ æртæ боны фæстæ та æркуырдтаиккой дзуарыл бафтауын. Ма хъуамæ тæрсæм, Хуыцау нын фыдæвзарæн куы ратты уæд. Хуыцауæй фæдзæхст ут! Амондджын Куадзæн нын сбон кæнæт, Аминь» – банысан кодта Патриарх динамынды рæстæджы.