Илья Дыккаг – кувæм, цæмæй нæ бинонтæ уа фидар, чырыстон, Хуцауæн кувæг, æцæг дин кæм ис, уым æрбынат кæнынц фарн æмæ уарзондзинад
Гуырдзыстон хъæддых лæуудзæн рæстдинонты диныл, уый у нæ амонд, уый у нæ хорзæх, Хуыцауы хорзæх уый у,ц æмæй Гуырдзыстон уа рæстдинон – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Павтриарх, Илья Дыккаг динамынды рæстæджы райхъусын кодта.
Патриарх бинонты фидардзинады боныл фæдыл фæныхас кодта.
«Иу къуыри цыдис бæрæгбон, Гуырдзыстон Мады Майрæмы хайон бæстæ кæй у æмæ иу къуырийы дæргъы кувæм Мад Майрæмæй, цæмæй йæ арфæ уа æппæт Гуырдзыстоныл. Абон у бинонты фидардзинады бæрæгбон. Кувæм, цæмæй нæ бинонтæ уа фидар, чырыстон, Хуыцауæн кувæг. Уым цы ран дин æцæг у, уым ис цин æмæ фарн, уым ис уарзондзинад» банысан кодта Илья Дыккаг.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ абон Тбилисы уынгтыл дзуæрттимæ æрзилдзысты æмæ апырх кæндзысты арфæ дон, кæцы «Горæты Фæфидардæр кæндзæн».