Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг, патриахы æмбынативæг бардарæг Шио ауагъдтой литурги кафедралон аргъуан Сионийы Нинообайы бæрæгбонмæ гæсгæ. Литургийы фæуды ф æстæ Патриарх динамындæй базхæдт аргъуануæвджытæм.
Илья Дыккаг раарфæ кодта æрымбырдуæвджытæн æмæ æппæт Гуырдзыстонæн Нинообайы бæрæгбон. Уыцы рæстæджы Патриарх афтæдæр æрымысыд Абхазы уæвыны период.
«Алкæмæн уын арфæ кæнын ацы стыр бæрæгбон, нæ националон бæрæгбон Нинооба. Нинойы куывдæй Хуыцау зæгъæт æмæ фемдзыд уæт сымах æмæ Æппæт Гуырдзыстонимæ.
Фæнды мæ æрымысон Абхазы куы уыдтæн уыцы период. Уым уыдысты аргъуанархайджытæ кæцытæ цардысты дард монастиры. Арæх иу æрцыдысты сахармæ æмæ мын иу радзырдтой куыд службæ кодтой хидæг ран. Иуæй-иу моладзанмæ уыд ахæм уавæр æмæ йæм фæзындис Сыгъдæг Нино æмæ йын загъта, цæмæй зæгъгæ æз абон дæр рацу-бацу кæнын æмæ амонын адæмæн Евангелий æппæт Гуырдзыстоны. Уый дарддæр кæны абоны онг. Хуыцауы арфæйæ Сыгъдæг Нино Гуырдзыстон нæ уадзы» – райхъусын кодта Илья Дыккаг.