Илья Дыккаг – Хуыцауæй æххуысæй арæх хайджын стæм фæлæ бузныг нæ фæвæййæм, адæймаг Хуыцауæн бузныг ма хъуамæ рох кæна
Адæймаг арфæгæнæг хъуамæ уа кæддæриддæр, ма хъуамæ рох кæна Хуыцауæн бузныг, – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос Патриарх Илья Дыккаг Самебайы кафедралон аргъуаны хуыцаубонон куывды рæстæджы банысан кодта.
Патриарх Хуыцаумæ арфæйы равдысты нысаниуæгыл фæныхас кодта.
«Абон мах Хуыцауæй бузныг стæм, æз сæрмагондæй, аргъуаны номæй, адæмы номæй. АБон у патриархæй сæвзæрсты бон 23 декабры сырæзт сыгъдæг синоды æмбырд æмæ Хуыцау сфæнд кодта цææмй мæ сæвзæрстаиккой, Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархæй. Хуыцауæн бузныг дæн, цæмæй мæ бахæсджын кодта ацы уæззау дзуар хæссын. Хуыцау дын ай йас бæрн куы дæтты уæд дын дæтты уый тых дæр, цæмæй сфæразай.
Кад æмæ бузныг Хуыцауæн, æмæ бузныг сымахæн, мæ уарзон адæм. Уæ æххуысæй нæ бахъом уыдаин ай йас азы дæргъы ацы дзуар хæссын. Кад æмæ бузныг Хуыцауæн»- уый фæдыл Илья Дыккаг хуыцаубонон динамынды рæстæжды райхъусын кодта.