Илья Дыккаг - Хуыцау зæгъæнт æмæ сæндидза Гуырдзыстон, сног уа бæстæ, дзæбæхдзинад, Ногæй æрфидар уа Æцæг дин
Хуыцау зæгъæнт æмæ сæндидза Гуырдзыстон, сног уа бæстæ, дзæбæхдзинад, Ногæй æрфидар уа Æцæг дин – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг Куадзæнон литургийы фæстæ райхъусын кодта, аргъуаны æрмбырдуæвджытæм дзырдæй куы æрсидтис уæд.
«Алкæмæн дæр уын арфæ кæнын, Рухс Бæрæгбон, Чырыстийы Райгас. Хуыцау зæгъæнт æмæ сæндидза Гуырдзыстон, сног уа бæстæ, дзæбæхдзинад, Ногæй æрфидар уа Æцæг дин.
Мæ зæрдыл лæууы иу истори, коммунистон режимы фыццаг азтæ уыд. Коммунисттæ диспуттæ кодтой уырнæг адæмимæ æмæ уыд ахæм момент коммунститтæ куы ахъуыды кодтой, цæмæй рæстдинон уырнынад дам бынтон нæхъæугæ у æмæ иу сахаты бæрц ныхас кодта уыцы адæймаг дины ныхмæ. Стæй рацыд сауджын, уыд Куадзæны бæрæгбон æмæ адæммæ басидт, Чырысти Райгас зæгъгæ, æмæ йын алчи дæр дзуапп ратта – Æцæгæй Рагас. Кæд уæ уырны, цæмæй Чырысти æцæгдæр райгас, уæд ма дам æцуыл хъуамæ дауу кæнæм ам?…
Дин фервæзын кодта Гуырдзыстоны, фервæзын кодта уд, зонд, культурæ æмæ бузныг нæ фыдæлтæн, кæцытæ нын ацы хæзна бавæрдтой.
Ноджы уын иу хатт арфæ кæнын Куадзæны Рухс Бæрæгбон» – загъта Патриарх.