Илья Дыккаг – Хуыцау нæ уый хъом бакæнæнт æмæ Перицвалебайы аккаг бауæм
Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг рæстдинонтæн æмæ æнæхъæнæй æмбæстæгтæн арфæ кæны Перисцвалебайы бæрæгбон.
Патриарх Самебайы кафедралон аргъуаны традицион динамынды рæстæджы куыд загъта афтæмæй, Перисцвалеба зæгъгæ у бæрæгбон, кæцыйы нын амоны, алы адæймаг дæр йæхи хуыздæры æрдæм куыд хъуамæ аива уый.
«Адæймаг кæддæриддæр змæлды ис, куы уæлмæ куы та дæлæмæ æрхизы. Хуыцауæй курæг стæм цæмæй нæ уый хъом бакæнæт, æмæ нæхи хуыздæрæй хуыздæр куыд кæнæм . Нæ фыдæлтæ бирæ цыдæр арызтой цæмæй удон хæзнатæ бæрзонд уыдаиккой. Зын афоны цæрæм. Уый тыххæй дæр Хуыцаумæ скувæм, цæмæй нæ адæмы алы фыдæвзарæнæй æмæ фыдбылызæй бахъахъхъæна» – райхъусын кодта Илья Дыккаг.
«Перисцвалеба» 12 сеппæтæй стырдæр бæрæгбонтæй сæ иу у. Евангелимæ гæсгæйæ, ацы бон Йесо Чырысти Таборы хохыл йе æртæ ахуыргæнинагы – Петры, Яковы æмæ Иоаны раз йæ хи фендæр кодта æмæ сын йæ æрвон стырдзинад равдыста.
Йерусалемы æрвылазонæй цæстæйуынгæ æртæ æмбисонды æрцæуы: Куадзæны Фæрнæйдзаг Рухсы æрцыд, Доныскъфæны (19 январ) цæугæдон Иордан йæ ардæмад кæй фæивы æмæ 19 августы, Перисцвалебайы æхсæв, Таборы хохы сæрмæ мигъ кæй бабады уый.
Абоны бæрæгбон иуц традиционæй аргъуанты рухсы бакалынц сæнæфсир æмæ дыргъыл. Мархогæнджытæн ац бон уæгъд у кæсагæй.