Илья Дыккаг – иттæг  вазыгджын периоды, пырхтæссаг рæстæджы цæрæм, атомон катастрофæйы тас  реалон куы у, уый тыххæй  сæрмагондæй  хъуыды кæнæм  сабырдзинадыл, кæцы  у Хуыцауы сегасдæр  зынаргъ  хорзæхтæй сæ иу
Илья Дыккаг – иттæг вазыгджын периоды, пырхтæссаг рæстæджы цæрæм, атомон катастрофæйы тас реалон куы у, уый тыххæй сæрмагондæй хъуыды кæнæм сабырдзинадыл, кæцы у Хуыцауы сегасдæр зынаргъ хорзæхтæй сæ иу

Тынг вазыгджын периоды цæрæм,  атомон   катастрофæйы  тас реалон куы  ахæм; уый тыххæй   сæрмагондæй   хъуыды кæнæм   сабырдзинадыл, кæцы  у  Хуыцауы зынаргъ  хорзæх – уый фæдыл  банысангонд у  Æппæт Гуырдзстоны Каталикос-Патриархы  Мцхета-Тбилисы сæйраг епископы  æмæ Бичъвинта æмæ Цхум Абхазы   митрополиты Илья Дыккагы  Куадзæнон эпистолæйы.

Эпистолæйы  куыд у банысангонд афтæмæй, «Æрмæст  сыбардзинады рæстæджы ис  гæнæн,  рухсæй  бамбарæм  нæ  нысниуæг  æмæ   Хуыцауæй лæвæрд   куырдиат  равдисын;  æрмæст ахæм  уавæры та, кæцы рæстæджы ис   хæрамдзинад,  тыхмидзинад, æнæрастдзинад,  сабырад   нæ  æрбынат кæндзæн».

«Æнусты  дæргъы  нæ бæстæ  знæгты   бырстытæ  ныхкъуырд кодта æмæ сабырдзинад   нын кæддæриддæр   бæллиццаг  уыд.  Абон бæстæ иттæг уæззау   период æрвиты æмæ  цы нæ бон у афтæ хъуамæ   сагъæс кæнæм нæ  сабырадон  сомбоны  тыххæй,   бæстæйы  райрæзты  æмæ сабырдзинадыл,  не æфсымæртимæ –  абхазæгтимæ æмæ æирæттимæ  сабыр  æмцарды  бындур саразынæн» – банысангонд у   эпистолæйы.